Ног хæстæ сæвæрдта
Се 'нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы сывæллæттæн социалон фиддонтæ фæфылдæр кæнын, цæрынæн æппынкъаддæр цы фæрæзтæ хъæуы, уый бæрцыл бафтауын, ипотекæйы ставкæтæ фæкъаддæр кæнын. Ахæм хæстæ Владимир Путин сæвæрдта нæ бæстæйы Федералон æмбырды уæнгты размæ йе `рвылазон ныстуаны. Паддзахады сæргълæууæгæн уыцы бар лæвæрд ис конституцийы. Ныстуаны тематикæ президент сбæрæг кæны йæхæдæг. 2018-æм азы йе `ппæты ирддæр æмæ вазыгджындæр хай уыд Уæрæсейы æфсæддон тыхты рæзты фарста. Ацы хатт Владимир Путин дзырдта демографи, экономикон рæзт æмæ æнæниздзинад хъахъхъæныныл. Æмбырды размæ рахаста цалдæр хъæппæрисы. Се 'хсæн, зæгъæм, ахæмтæ, куыд 450 мин сомы, ипотекæ кæмæ ис, уыцы бирæсывæллонджын бинонтæн радих кæнын, æфтиæгтæ рæстæгмæ кæмæ нал хауы, уыдонæн сæ ипотекон фиддонтæй баулæфыны бар радтын, сывæллæтты поликлиникæтæ ног куысты фæтк сфидар кæнын, пенсионертæн сæ фиддонтæ ногæй банымайын. Уымæй уæлдай ма Владимир Путин фæбæрæг кодта, се 'нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, ахæм сывæллæттимæ бинонты социалон фиддонтæ 1-æм июлæй фæфылдæр кæнын. Президенты хъуыдымæ гæсгæ, хъæуы бинонты хъалонтæ фæкъаддæр кæнын, 2021-æм азмæ сывæллæтты рæвдауæндæттимæ фарста, стæй паддзахадон лæггæдты къабазы уæлдай ракæ-бакæ аиуварс кæнын. Президенты ныстуан Федералон æмбырдмæ у 15-æм. Мадзалмæ æрбацыдысты 761 журналисты. Се 'хсæн куыд Уæрæсейæгтæ, афтæ фæсарæйнаг дзыллон информацион фæрæзты минæвæрттæ дæр. Æппæтдунеон политикæйы кой дæр скодта Владимир Путин. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Уæрæсе стыр æргом здахы Инди æмæ Китаимæ бастдзинæдты рæзтмæ, стæй Евразиаг экономикон цæдисы иумæйаг базартæ аразынмæ. Уымæй уæлдай ма Владимир Путин зæрдæ бавæрдта, бахъуаджы заман Уæрæсе йæ ракетæтæ сараздзæн, Америкæ ракетæтæ цы бæстæтæ сæвæра, æрмæст уыдонмæ нæ, фæлæ ма Америкæйæн йæхимæ дæр. «Уæрæсе уыд, æмæ уыдзæн хæдбар паддзахад»- загъта нæ бæстæйы президент. Владимир Путины ныхæстæм гæсгæ, иннæ паддзахæдтæн Мæскуыимæ хорз ахастдзинæдты уæвынæн хъæуы уынаффæтæ кæнын нæ, фæлæ зын рæстæджыты иумæ дзуæппытæ агурын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Ног хæстæ сæвæрдта
Категория:
Новости и СМИ