Ахуыргæнджытæн сæрмагонд фиддонтыл бахардз кæндзысты 170 млрд сомы
Ахуыргæнджытæй, къласæн разамынд чи дæтты, уыдонæн фæнд кæнынц уæлæмхасæн æхцайы фæрæзтæ фидын. Уый тыххæй хъусын кæны Уæрæсейы рухстауыны министрад. 3 азмæ уыцы хъуыддагыл бахардз кæндзысты 170 млрд сомы. Профилон уагдоны ныридæгæн бацæттæ кодтой сæрмагонд бадзырд. Ахуыргæнджытæн æхцайы фæрæзтæ дæттын райдайын рухстауыны министрады фæнд кæны ацы аз сентябрæй фæстæмæ. Профилон министр Сергей Кравцовы ныхæстæм гæсгæ, регионты уыцы куыст куыд цæудзæн, уымæ уагдоны кæсдзысты лæмбынæг. Фæнысан ма кодта уый æмæ ахуыргæнджыты регионалон фиддонтыл уый никуыд фæбæрæг уыдзæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Ахуыргæнджытæн сæрмагонд фиддонтыл бахардз кæндзысты 170 млрд сомы
Категория:
Новости и СМИ