«Ирыстоны намысы майдан»-æй схорзæхджын кодтой Газайты Зойæйы

2 тыс. подписчиков

12+
12+

902 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

902 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

902 просмотра

5 лет назад

Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт архайæг Газайты Зойæйы схорзæхджын кодтой «Ирыстоны намысы майдан»-æй, республикæйы телеуынынад æмæ радиойы райрæзтмæ стыр æвæрæн кæй бахаста, уый тыххæй. Уый тыххæй сæрмагонд бардзырд бафыста республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло. Газайты Зойæ йæ дæсныйады ис 1966 азæй нырмæ. Райдыдта звукооператорæй æмæ сси уæлдæр къæпхæны звукорежиссёр. Зойæйы 'руаджы бахъахъхъæнын æмæ нымæцон хуызмæ раивын бантыст Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеранты хъæлæстæ, спектакльтæй скъуыддзæгтæ, рагон зарджытæ. 2018-æм азы та рацыд Газайты Зойæйы аудио-æмбырдгонд «Ирон фæндыр». Ис дзы Хетæгкаты Къостайы уацмыстæ, кæсынц сæ Ирон театры алы фæлтæрты актёртæ. Абон дæр Газайты Зойæ фæллой кæны. Кусы паддзахадон телердиокомпани «Аланийы». Национ телекомпани «Осетия-Ирыстон»-ы дæр у сæрмагонд программæйы автор. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv