Дзæуджыхъæуы райдыдта æппæтадæмон наукон форум

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

Дзæуджыхъæуы райдыдта æппæтадæмон наукон форум. Мадзалы сæйраг нысан - хохæй рацæугæ адæмыхæттыты традицион аивады нырыккон уавæрмæ `ркæсын. Конференци сбастой ирон композиторты скъолайы бындурæвæрæг Галаты Барисы райгуырды 130 азы бонмæ. Архайынмæ йæм сæмбæлдысты 50 ахуыргонды Уæрæсе, Хуссар Ирыстон, Украинæ, Казахстан æмæ Туркæй. Се `хсæн композитортæ, историктæ, æвзагиртасджытæ. Ныридæгæн уал конференцийы эксперттæ Галаты Барисы царды фæндæгты тыххæй бакастысты докладтæ. Уый фæстæ уазджытæ федтой киноныв «Фатимæ». Форум аХæсдзæн 26-æм июльмæ. Уазджытæн ма сараздзысты алыхуызон цымыдисаг мадзæлттæ. Ацы сахат та форумы уазджытæ сты симфонион оркестры концерты. Дæттынц æй Дзæуджыхъæуы Мириинаг театры филиалы сценæйыл. Оркестры дирижер - Гугкаты Зауырбег. Концерт сарæзтой Гергиты Валерий æмæ Дзæуджыхъæуы администрацийы хъæппæрисæй. Мадзалы архайы Цæгат Ирыстоны сгуыхт артист Дмитрий Семенюк. Зæлынц дзы ахæм уацмыстæ, куыд «Нарты Батрадз», «Утро в горах», «Чермен» æмæ `ндæртæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Дзæуджыхъæуы райдыдта æппæтадæмон наукон форум

Категория:

Новости и СМИ