Рæвдауæндоныл цин

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

9 лет назад

Хуыздæр бон скодта Ног Бæтæхъойы хъæуы цæрджытыл. Цы цаумæ æнхъæлмæ кастысты, уый сыл æрцыди – сцалцæг сын кодтой сæ сывæллæтты рæвдауæндон. Ныр ныййарджыты сæ сывæллæтты нал хъæудзæн сыхаг хъæутæм ласын. Хицауады æххуысæй бæстыхай сног кодтой. Афтæмæй дзы сывæллæттæ сæ сабибонтæ хъæугæ домæнтæм гæсгæ æмæ æмбæлгæ уавæрты æрвитдзысты. Абон боныхъæд Бæтæхъойы хъæуы кæд зæрдæмæдзæугæ нæ уыд, уæддæр адæмы зæрдæты бацыд тынг хъарм æмæ уыдысты хъæлдзæг. Сывæллæттæ æмæ сæ ныййарджытæ сæрдæй цы цаумæ бæллыдысты, уый цыл æрцыди. Цалцæггæнæн куыстыты фæстæ байгом сывæллæтты рæвдауæндон. Уыцы стыр цины кадджын мадзалы архайдтой хъæуы цæрджытæ æмæ бынæттон хицауад. Бæстыхай бирæ рæстæг уыд хæлæццæг уавæры. Адæймаг æм бацæуа, уый гæнæн дзы нал уыд. Рæвдауæндоны хъомылгæнинæгтæ куыд дзурынц, афтæмæй æмбыд пъолыл æрлæууæн дæр нæ уыд – фæйнæджытæ афтæ бамбыд сты. Ныр ног хъармгæнæн æмæ доны хызæгтæ, цартæ, хинайæн уæттæ, агъуыстыты пъолтæ, аив къултæ æмæ бæстыхайы аив бакаст цæст æмæ зæрдæ рæвдауынц. Сывæллæтты цæст нæ фæллайы ахæм ивдзинæдтæм кæсын. Иу уатæй иннæмæ ратæх-батæх кæнынц æмæ сæм цымыдисæй кæсынц. Сæ къордты абон сабыргай æрбынаттон сты. Цалцæггæнæн куыстытæ скодтой бынæттон бюджеты фæрæзтæй. Схардз кодтой 3 милуан сомы бæрц. Кæд раздæр рæвдауæндон сыхгæнæн тæссаг уыд, уæд ныр фарста алыг кодтой. Кæрты мам баззад чысыл куыстытæ. Куы фæхъарм уа, уæд ма рæвдауæндоны кæрты сæвæрдзысты асфальт дæр. Сæйрагдæр та уый у æмæ 75 сабийы рæвдауæндоны æдас æмæ æнæниз кæй уыдзысты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Рæвдауæндоныл цин

Категория:

Новости и СМИ