Каратэйæ чемпионат

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

4 просмотра

9 лет назад

Ивгъуыд бонты Дзæуджыхъæуы ацыд чемпионат каратэйæ. Республикæйы ерысты архайдтой лæппутæ æмæ чызджытæ алы районтæй. 100 æвзонг спортсмены тох кодтой хуыздæры ном райсыныл. Сæ кармæ гæсгæ къордты, сбæрæг кодтой уæлахиздзауты. Бæлвырддæр нæ уацхæссæджы æрмæджы. Цæмæй каратэйы дæ ныхмæлæууæгыл фæуæлахиз уай, уый тыххæй канд тыхджын хъуамæ ма уай, фæлæ ма хъæуы техникæ иттæг хорз зонын. Сæрагдæр роль хъазы тыхтæй раст пайда кæнын. Алы раст цæфæн дæр балл. Æмтгæй райсгæйæ баллтæй скæнынц хатдзæг. Чысыл каратисттæй алчидæр зæрдæ дары фæуæлахизыл уæвыныл. Суинаг спортсментæй иу Жанна Фарафонова. Йæ аст азæй дыууæ азы цæуы каратэмæ, æмæ йын æнтысгæ дæр кæны. Ерысты сæ дæсныйад равдисын, æмæ иугонд Уæрæсейы командæмæ бахауын тох кæнынц 8-азæй 13-æс аздзыд хуыздæр спортсментæ. Хæцыны размæ уал бæрнон бакусынц сæхиуыл. Алы фембæлд дæр цымыдисаг у æрбацæуæг адæмæн. Ныхмæлæуджытæ кæрæдзиуыл нæ аууæрдгæйæ сæ тыхтæ æвзарынц. Раззагдæртæ бæрæггонд æрцыдысты. Ерысты архайдтой сæдæ спортсменæй фылдæр. Уæлахиздзауты дзы сбæрæг кодтой æртæ уæзы. Республикæйы иугонд командæмæ дзы бахаудзæн 9 адæймаджы. Уыдон республикæйы кад хъахъхъæндзæндзысты регионалон ерысты. 10 мартъийы ацæудзысты Налцыччы. Уый фæстæ æвзонг спортсментæм æнхъæлмæ кæсы Æппæтуæрæсейы чемпионат. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Каратэйæ чемпионат

Категория:

Новости и СМИ