Музейты бон
Абон у Музейты бон. Снысан æй кодтой 1977-æм азы Уæрæсейы фæндонмæ гæсгæ. Йæ хъуыдыйы ис æхсæнады æргом ацы вазыгджын къабазмæ аздахын, адæмы царды музейты роль фæахадгæдæр кæнын. Уæдæй фæстæмæ музейты бæрæгбоныл æмбæлынц 150 бæстæйæ фылдæры. Куыд æмбæлы, афтæ бæрæгбоны хæдразмæ музейтæ саразынц сæрмагонд мадзæлттæ. Сæ экспонаттæ фенынмæ æрбахонынц, кæй бафæнды, уыдоны се `ппæты дæр. Бирæ музейтæ уымæн æхца дæр нæ фæисынц. Саразынц ма экскурситæ, зонадон бакастытæ, театрадон равдыстытæ, сывæллæтимæ ахуыртæ æмæ ног экспозицитæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Музейты бон
Категория:
Новости и СМИ