Дзанайты Барисы разамындæй цыд республикæйы хицауады радон æмбырд
Дзанайты Барисы разамындæй цыд республикæйы хицауады радон æмбырд
Ног ахуыры аз хъарм хæринаг исдзысты республикæйы 56 мин скъоладзауы. Се 'хсæн райдиан кълæсты ахуырдзаутæ, æххуысцух бинонты сывæллæттæ æмæ цудыд æнæниздзинадимæ сабитæ. Уый тыххæй хицауады æмбырды фехъусын кодта ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ. Ацы аз Дзæуджыхъæуы Владивостокская уынджы райдайдзысты ног скъола аразын. Уыдзæн дзы 1 мин 100 бынаты. Федералон бюджетæй субсиди рахай кæндзысты 67 милуан соммæ хæстæг, фидæны аз та ма ноджы 590 милуаны. "Горæты æнцонвадат архайды" федералон проекты фæлгæты саив кæндзысты 43 æхсæнадон фæзы.