Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ Уæлахизы тырыса ныффидар кæндзысты хохы цъуппыл
Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ Уæлахизы тырыса ныффидар кæндзысты, Алания кæй хонынц, уыцы бæрзæндыл. Мадзал баст уыдзæн Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы 75 азы бонимæ. Акци ацæудзæн 2-æм майы. Альпинисттæ семæ райсдзысты, хиуæттæй Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи архайдта, уыдоны къамтæ. Хъæбатыр фыдæлты къамтимæ 9 -æм майы архайдзысты æнæмæлгæ полчы акцийы дæр. «Алания» цъуппыл ма сараздзысты чысыл мæсыг. Уыдзæн цард æмæ æдасдзинады æвдисæн. Экспедицийы архайджытæн сæ уæлæ уыдзæн Уæлахизы бонимæ баст уæлæдарæс. «Алания»-йы бæрзæнд у Кавказы сæйраг хохы рæгътæй иу. Йæ бæрзæнд у 3 мин 500 метрæй фылдæр. Ис Къуыдары æфцæджы Хуссар Ирыстоны, Халаца æмæ Сау-хохы `хсæн, раст Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны арæныл. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ Уæлахизы тырыса ныффидар кæндзысты хохы цъуппыл
Категория:
Новости и СМИ