Ходы Камалы номыл Ног Бæтæхъойы сарæзтой сфæлдыстадон мадзал
Цæгат Ирыстоны адæмон поэт, фысджыты цæдисы æмсæрдар, тæлмацгæнæг, литературон критик Ходы Камалы номыл Ног Бæтæхъойы сарæзтой сфæлдыстадон мадзал. Литературон мадзал баст уыд поэты 79 азы райгуырæн бонимæ. Ходы Камал райгуырд Зæронд Бæтæхъойы 1941-æм азы. Чысыл саби куыд уыд, уæд йæ бионтæ цæрынмæ ралыгъдысты Ног Бæтæхъомæ. 1970 азы Мæскуыйы каст фæци Горькийы номыл литературон институт. Куыста районы газетты редакциты, журал «Мах дуджы» критикæ æмæ публицистикæйы хайады сæргълæууæггæй. Литературон изæры фæлгæты уазджытæ бакастысты йе`мдзæвгæтæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Ходы Камалы номыл Ног Бæтæхъойы сарæзтой сфæлдыстадон мадзал
Категория:
Новости и СМИ