«Уæлахизы парчы» ныссагътой тæгæрты талатæ
Дзæуджыхъæуы бæлæсты нымæцыл бафтыд 100. Уæлахизы парчы абон ныссагътой тæгæрты сæдæгай талайы. Акцийы архайджытæ – Цæгат Ирыстоны культурæйы министрады кусджытæ. Талатæ сын самал кодтой экологи æмæ æрдзон æвæрæнты министрад. Мадзал у æппæтуæрæсеон экологон зиу «Лес победы»-йы хай. Акци снысан æй кодтой Уæлахизы 75 азы бонмæ. Æгас бæстæйы Фыдыбæстæйы стыр хæсты амæттæгты номыл ныссадзысты 27 милуан талайы. Мадзал аразынц 5 азы. Уыцы рæстæгмæ акцийы архайджытæ нæ бæстæйы ныссагътой 20 милуан бæласы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
«Уæлахизы парчы» ныссагътой тæгæрты талатæ
Категория:
Новости и СМИ