Фæлварæнтæ радтой
Донецкы медицинон университеты рауагъдонтæ, дæндæгты 62 дохтыры паддзахадон фæлварæнтæ радтой Цæгат Ирыстоны паддзахадон медицинон академийы. Ахæм фадат сын фæзынд, дыууæ уæлдæр ахуыргæнæндоны `хсæн цы бадзырд куыста, уый руаджы. Йе `мгъуыд ахаста æртæ азы, цалынмæ Донецкы университетæн паддзахадон аккредитаци нæ уыд, уæдмæ. Ацы аз ахуыргæнæндон аккредитаци райста Уæрæсейы. Иннæ азæй фæстæмæ рауагъдонтæ фæлварæнтæ дæттдзысты æмæ дипломтæ исдзысты сæхи университеты. Александр Костюченко, университеты рауагъдон: «Максим Горькийы номыл университеты фæахуыр кодтам 5 азы. Гыццылæй нырмæ мæ фæндыд дæндæгты дохтыр суæвын. Мæ бинонтæ дæр иууылдæр дохтыртæ сты. Фæлæ дзы мæ хуызæн дæсныйад ничи райста. Паддзахадон аттестаци Цæгат Ирыстоны кæй цæудзыстæм, уый мæйы размæ базыдтам. Тынг бацин кодтам ацы хабарыл». Æртæ азмæ Цæгат Ирыстоны медицинон академийы алы дæсныйæдтæй кæронбæттæны аттестаци ацыдысты 500 рауагъдоны Донецкæй. Дæндæгты дохтыртæй уæлдай ма ацы аз паддзахадон фæлварæнтæ радтой дзæбæхгæнæн дæсныйадыл хæст 175 адæймаджы æмæ 44 педиатры. Донецкы медицинон университеты адæмты `хсæн бастдзинæдты æмæ инновацион куысты фæдыл проректор Любовь Волковайы ныхæстæм гæсгæ, нæ республикæйы университет хуымæтæджы нæ равзæрстой. Любовь Волкова, Донецкы медицинон университеты проректор: «Мах рагæй хæлæрттæ стæм. Стыр аргъ кæнæм Цæгат Ирыстоны паддзахадон медакадемийæн. Рауадзæм иумæйаг чингуытæ дæр, нæ ахуыргæнджытæ ма, зæгъæм, ардæм æрбацæуынц лекцитæ кæсынмæ. Нæ республикæмæ ахуыргæндтæ ссæуынц сæ диссертацитæ бахъахъхъæнынмæ. Афтæ нæ студенттæн дæр уый стыр кад у - фæлварæнтæ Цæгат Ирыстоны медакадемийы дæттын». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Фæлварæнтæ радтой
Категория:
Новости и СМИ