Цæгат Ирыстоны æфсæддон намысы бынæттыл ацыд хæдтулгæтыл дугъ
Цæгат Ирыстоны æфсæддон намысы бынæттыл ацыд хæдтулгæтыл дугъ
Уæлахизы боны кадæн Цæгат Ирыстоны ацыд хæдтулгæтыл дугъ. Æрвылазон акцийы фæлгæты ДОСАФ-ы, ветеранты Советы æмæ æхсæнадон организациты минæвæрттæ Намысы мемориалы Стеллæйыл сæвæрдтой дидинджытæ. Уый фæстæ машинæты къорд араст сты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг республикæйы хæстон фæндæгтыл. Акцийы архайджытæ ма дидинджытæ сæвæрдтой Æнусон артыл. Кæронбæттæн пункт Елхоты мемориал. Мадзалы архайдтой сыхаг республикæты минæвæрттæ дæр.