Кæдæй-уæдæй
Мадæлон капитал Цæгат Ирыстоны фидын райдайдзыстыацы азы уалдзæджы. Фыццаг уал æхцайы æххуыс 50 мин сомы бæрцæй райсдзысты уыцы бинонтæ, се `ртыккаг сывæллон 2012-æм азы кæмæн райгуырд. Кæнæ та хæсгæ сывæллон чи райста уыцы аз, ахæмтæ. Ныртæккæ сты 1726 мин бирæсывæллонджын бинонтæ. Фæстæдæр фæнд кæнынц фиддонтæ къæпхæнгай уарын дæр. Уый тыххæй фехъусын кодта фæллой æмæ социалон фæдзæхстады министр Хуыбаты Барис. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, мадæлон капиталы регионалон закъон ныффидар кодтой 2012 азы. Уымæ гæсгæ æхцайæ æххуыс бинонтæ хъуамæ райсой, сывæллоныл 3 азы куы сæххæст уа, уæд. Фæлæ 2015-æм азы фиддонтæ афтæ дæр нæ фæрæстмæ сты. Закъон не `скуыста æмæ æхцайы фæрæзтæ дæр никæмæн радтой. Министры ныхæстæм гæсгæ, ныртæккæ дæр мадæлты капитал фидынмæ республикæ цæттæ у. Фæлæ 2012-æм азы информаци æгæр ныззæронд, хъæуы йæ сног кæнын. Ныртæккæ бæрнон кусджытæ архайынц æмбæлгæ бинонты тыххæй фаг æрмæджытæ æрæмбырд кæныныл. Хуыбаты Барис, фæллой æмæ социалон фæдзæхстады министр: «86 милуаны æмæ 300 мин сомы бавæрдтам бюджеты, цæмæй, кæй кой кæнæм, уыцы сывæллæттæ хъæугæ æхцайы æххуыс райсой. Уыцы æхцайы бæрц æнæхъæнæй фыст æрцæудзæн. Ныртæккæ нæм цы информаци ис, уый бæлвырд кæнæм. Уый тыххæй æмæ дзæвгар рæстæг рацыд. Исты дзы уæдмæ æнæмæнг аивтаид. Зæгъæм, хыгъды бæрæггæнæнтæ. Уым дæр ивддзинæдтæ æрцыдис. Кæцыдæр бинонты, ныййарджытæн, гæнæн ис, æмæ сæ бартæ байстой. Кæнæ та хæсгæ сывæллоны чи хъавыд райсын, уый йæ фæнд аивта». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Кæдæй-уæдæй
Категория:
Новости и СМИ