Cывæллæттыл аудгæйæ
Беслæны кадджын уавæры байгом сывæллæтты рæвдауæндон. Кадджын мадзалы бацархайдта нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Ног рæвдауæндоны ис 120 бынаты. Хъомылгæнинæгтæн дзы сарæзтой æппæт хъæугæ фадæттæ. Кæрты - спортивон фæз, уымæй уæлдай зал мидæгæй. Уæдæ хæрæндон, музыкалон кълас, медицинон пункт æмæ процедурæтæ кæнæн уат саразын дæр нæ ферох. Сæрмагондæй дзы иу уат сарæзтой, йе `нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, ахæм сывæллæттæн. Рæвдауæндоны æнæхъæн суткæ кусы видеоцæстдарды системæ, ис дзы домофон. Дыууæ уæладзыгон бæстыхай аразын райдыдтой фарон. Объект эксплуатацимæ хъуамæ радтаиккой 2019 азы райдиан, фæлæ арæзтадон куыстытæ фесты рæстæджы æмгъуыдæй раздæр. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм ахæм рæвдауæндон Беслæны у дыккаг. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Cывæллæттыл аудгæйæ
Категория:
Новости и СМИ