Рæстдзинад кæм ис?
Дзæуджыхъæуы гарнизоны тæрхондоны та абон дарддæр кастысты Æлбегаты Зелим æмæ Сланты Асланы хъуыддагмæ. Куыд хъусын кодтам, афтæмæй сæ азымджын кæнынц, Цхинвалы 4-æм гарнизоны офицерты фæнæмынæй. Абон тæрхондоны радон æмбырд кæронмæ ахæццæ. Йæ архайджытæ фæстаг хатт бацархайдтой сæ рæстдзинад бафидар кæныныл. Нæ уацхæсджытæ дæр уыдысты æмбырды æмæ сын дæттæм ныхасы бар. Рæстæг - 2 сахаты. Дзæуджыхъæуы æфсæддон гарнизоны тæрхондонмæ та ногæй адæм æрбаивылдысты. Æгас Цæгат Ирыстон дарддæр йæ хъус дары ацы уголовон хъуыддагмæ. Адæмы уырны, слестгæнджытæ æмæ тæрхонгæнæг дæр Сланты Арсен æмæ Æлбегаты Зелимы ныхмæ сты, уый. Азымджын сæ кæнынц, дыууæ офицеры кæй фæнадтой, уый тыххæй. Фарсхæцджытæ ууыл разы не сты. Хъуыддаг æцæгæй дæр ныддæлæ-уæлæ ис. Бархъахъхъæнджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй æвдисæнтæ æмæ хъыгдард баййафджытæ иу æмæ дыууæ хатты сæ ныхæстæ нæ фæиннæрдæм кодтой. Абон ма уый уæлдай хатт рабæрæг. Зæгъæм, хъыгдардбаййафæг Зайнутдиновыл, сæ ныхæстæм гæсгæ, 6 уæззау цæфы суад. Фæлæ йыл цалдæр цъæрæмыхсты йеддæмæ нæ уыд. Ныццавта, дам, йæ Æлбегаты Зелим. Куы йæ бафарстой, афтæ куыд, зæгъгæ, уæд Зайнутдинов йæ буар, чысыл ма бахъæуа, æмæ æфсæйнагæй конд рахуыдтаид. Иннæ фарст - Катрич дам-думтæ цæмæ дзуры? Абон иу хуызы, райсом та - æндæр. Фæстæдæр æй йæхæдæг рахъæр кодта - чидæр æй тыххæй афтæ дзурын кæны. Стæй уалынмæ Катрич æрбасатар ис. Афтæмæй уый у сæйраг æвдисæн. Ахæм митæ акодта ПАтык дæр. Уымæн дæр йæ ныхас дывæр у. Уæдæ Зайнутдинов дæр æрмæст иу цæфы цъæхы цæмæ бахъаст кодта? Хъахъхъæнджыты хъуыдымæ гæсгæ, уый уыд батальоны командæгæнæджы уынаффæ. Æмæ ахæм дам-думтæ - бирæ. Бархъахъхъæнджыты уырны - тæрхондон уынаффæ рагæй рахаста. Разныхасы тæрхонгæнæгæн бауайдзæф кодтой - хъуыддагмæ ногæй æркæс, зæгъгæ. Æгæр уæндон кæй у, уыйтыххæй ма слестгæнæг суанг Æлбегаты Зелимæн йæ адвокаты дæр ивын кодта. Слестгæнæг йæхи афтæ кæй дардта, уымæй дæр хатдзæгтæ скæнæн ис. Сæ ныхмæ тæрхон куы рахæссой, уæд иуæн - 2 азы ахæстоны фæбадынæй тæссаг уыдзæн, иннæмæн - 3. Кæронбæттæны уынаффæ бæрæг уыдзæн райсом. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Рæстдзинад кæм ис?
Категория:
Новости и СМИ