Капиталон цалцæджы фиддонтæ фæфылдæр сты нæ республикæйы
2018 азимæ абаргæйæ, ацы аз фиддонтæ 18% - 29% онг фæбæрзонддæр сты. Уæлдайдæр республикæйы кæцыдæр районты. Зæгъæм, Алагиры. Капиталон цалцæджы фиддонты бæрцы 1,5%-æй фæфылдæр 20%-ы онг. Буроны - 1%-ы- 2 дæсæм хайæ - 73%-ы онг. Æрыдоны та бæрæггæнæн уыди 0, ома ничи фыста æппындæр. Ныр схызти 38%-мæ. Раззагдæрты хсæн, куыд раздæр, афтæ ис Мæздæг. Уым хæдзары хицæуттæ 84% фидынц фиддонтæ. Хъуыддаг хорз нæу Æрæфы районы. Уым цалдæр азы фиддонтæ æппындæр нæ бафыстой. Хæсдарджытимæ тох кæнынц пъырыстыфтæ. Ныридæгæн ацы аз балæвæрдтой 3 мин курдиаты тæрхондонмæ. Сæ иумæйаг бæрц æхцайæ у - 46 милуан сомы. Ахæм куыст кæнынц куыстуæттимæ дæр. Уыдоны хæстæ та 4 милуан сомæй фылдæр сты. Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министр Тамайты Майрæны ныхæстæм гæсгæ, капиталон цалцæджы регионалон операторы специалисттæ алы къуыри дæр аразынц æмбырдтытæ цæрджытимæ. Æмбарын сын кæнынц фиддонтæ фидын кæй хъæуы. Цы хæдзары цæуырыц, уый рады куыд сæвæрын хъæуы æмæ йæ дарддæр куыд рацаразæн ис, уый. Фадат сын ис нысангонд æмгъыды размæ дæр арæзтадон куыстытæ райдайын. Æрмæст, иу бирæфатерон хæдзары цæрджыты иумæйаг фиддонты бæрц 80%-æй фылдæр хъуамæ уа. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Капиталон цалцæджы фиддонтæ фæфылдæр сты нæ республикæйы
Категория:
Новости и СМИ