Хъобан нымад æрцыдис республикæйы хуыздæр хъæутæй иуыл
Зæрдæвæрæны мæйы нæ республикæйы хицауад расидтис конкурс «Лучшая муниципальная практика», зæгъгæ. Артаг, энергетикæ æмæ цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министрад та курдиæттæм æркастис. Хуыздæр æмæ егъаудæр цалцæггæнæн куыстытæ чи бакодта, æнцонвадат цардыуаджы уавæртæ чи сарæзта, уыдоны банымадтой хуыздæртыл. Конкурсы архайджытæм кастысты дыууæ къæпхæнмæ гæсгæ: горæттæ æмæ хъæутæ. Хъæуты 'хсæн хуыздæрыл банымадтой Хъобан. Хъобаны скъола рагæй базилинаг уыд. Йæ къултæ æмæ цар æркалдысты. Иу рæстæг йæ сæхгæныны фæнд дæр кодтой. Фæлæ хъæуы администрацийы сæргълæууæг Дзуццаты Тамерланы ныхæстæм гæсгæ, æнæ скъолайæ хъæу куыд хъуамæ баззайа. Фарон сын фæзынд фадат бæстыхай бындуронæй сцалцæг кæнынæн. Раивтой дзы рудзгуытæ, дуæрттæ, пъолтыл сæвæрдтой фидар фæйнæгæй аив уæлцъар. Æппæт коммуникацитæ дæр ивд æрцыдысты. Сабитæн сарæзтой æппæт хъæугæ уавæртæ дæр. Фæзынд дзы видеоцæстдарды системæ дæр. Скъолайæн базылдысты йе `ддаг бакастмæ дæр. Банывыл ын кодтой йæ кæрт. Цалцæггонд скъоламæ кæсгæйæ ахуыргæнджытæ æмæ сабиты зæрдæтæ дæр райынц. Рацаразын ма хъæуы фельдшерон-акушерон пункт дæр. Тынг базилинаг уыд. Хъаныхъуаты Валя дзы кусы 1973-æм азæй фæстæмæ. Куыд зæгъы, афтæмæй фæстаг рæстæг сæ уавæртæ бынтон заууатмæ æрцыдысты. Нæдæр дзы хъармдæттæн системæ уыдис, нæдæр хъарм дон. Ныртæккæ бæстыхай у нырыккон домæнтæм гæсгæ цалцæггонд. Ныр ма сæ кусæнуæтты нырыккон гæрзтæ куы фæзынид, уæд сæ куысты фадæттæ зынгæ фæуæрæхдæр уаиккой. Валяйы хъуыдымæ гæсгæ, ныры уавæр раздæримæ абарæн уæвгæ дæр нæй. Хъæуы цæрджытæй хæсты быдыры чи фесæфт, уыдонæн цырдзæвæны алфамблай дæр саив кодтой. Йæ алыварс ын сæвæрдтой ног быру, фæзынд дзы къæйдуртæй бацæуæн. Ныссагътой дзы нæзы бæлæстæ. Уæдæ ног администрацийы бæстыхай дæр хъæуы фарон фæзынд. Раздæры æй ахæм номæй схонæн дæр зынтæй уыд, Дзуццаты Тамерланы ныхæстæм гæсгæ. Ныртæккæ дзы куыстæн æмбæлгæ уавæртæ ис. Лыстæг хъуыддæгтæ ма дзы баззад, фæлæ уыйбæрц ницы хъыгдарынц. Администрацийы бæстыхайы ма сарæзтой почтæ дæр. Уыцы егъау цалцæггæнæн куыстытæ баххæст кæныны фадат фæзынд хъæуæй рацæуæг амалхъом адæмы фæрæзтæй. Сæ куыстæн сын æмбæлгæ аргъ скодтой. Бацахстой фыццаг бынат конкурс «Лучшая муниципальная практика», зæгъгæ, уым. Конкурс расидтысты нæ республикæйы артаг, энергетикæ æмæ цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министрады. Кучиты Зауырбег, РЦИ-Аланийы артаг, энергетикæ æмæ цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министры хæдивæг: «Нæ республикæйы муниципалон скондтæн бамбарын кодтам конкурсы домæнтæ. Сæ курдиæттæ конкурсы архайынмæ балæвæрдтой 7 муниципалон сконды. 2 дзы конкурсы домæнтæн дзуапп нæ лæвæрдтой. Сарæзтам кусæг къорд, æркастыстæм архайджыты курдиæттæм. Аргъ сын кодтам цалдæр бæрæггæнæнмæ гæсгæ, цавæр объекттæ сцалцæг кодтой, сæ фæрæзтæй куыд спайда кодтой æмæ афтæ дарддæр. Уæлахиздзауты сбæрæг кодтам 2 къæпхæнмæ гæсгæ: горæттæ æмæ хъæуты 'хсæн. Горæтты `хсæн хуыздæртыл банымадтам Мæздæг, Алагир æмæ Æрыдон. Хъæутæй та хуыздæр разынд Хъобан. 2018-æм азмæ цы куыст бакодтой, уымæ кастыстæм». 8-æм июлы кæронмæ æрхæццæ конкурсы регионалон къæпхæн. 19-æм июлы министрад уæлахиздзауты номхыгъд арвыста Уæрæсейы арæзтады министрадмæ. Уым хъуамæ сбæрæг кæной хуыздæрты. Уæлахиздзаутæн саккаг кæндзысты æхцайы фæрæзтæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хъобан нымад æрцыдис республикæйы хуыздæр хъæутæй иуыл
Категория:
Новости и СМИ