Дербентæй Севастопольмæ хæдтулгæты дугъы архайджытæ сæ фæндаг ракодтой Цæгат Ирыстоныл
Сæ фæндыл «дыууæ» нал загътой нæ республикæйы Адæмты хæлардзинады хæдзары дæр. Æмдыхæй сæ хъуыды сæххæст кодтой. Хæдтулгæтæ сæ фæндаг райдыдтой Дербентæй. Сæ балцы кæронбæттæн та уыдзæн Севастополы. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг Дербенты фæзынд 345-æм æфсæддон къорд. Уыдонæй бирæтæ бацарæфтыд сты Севастополь хъахъхъæнгæйæ. Къорды архайджытæн сæ цыппæрæм хай уыдысты ирæттæ. Уымæн сфæнд кодтой нæ республикæйыл сæ фæндаг ракæнын дæр. Барбашовы фæзмæ уазджытимæ абалц кодтой нациты `хсæн ахастдзинæдты министрады минæвæрттæ æмæ фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитеты уæнгтæ. Æнусон арты цыртдзæвæныл сæвæрдтой дидинджытæ. Дугъы нысан у Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайджыты хъæбатырдзинад æмæ лæгдзинад ма рох кæнын, стæй Кавказы адæмты `хсæн хæлар ахастдзинæдтæ фидардæр кæнын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дербентæй Севастопольмæ хæдтулгæты дугъы архайджытæ сæ фæндаг ракодтой Цæгат Ирыстоныл
Категория:
Новости и СМИ