Цæгат Ирыстоны цæуы "Кубок Алании" турнир
"Рей", зæгъгæ. Ацы ныхастæй райдайы æмæ фæвæййы ныхмæлæууд. Нысан кæны халардзинад. Уый та каратейы æппæт хуызыты дæр сæйрагдæр у. Ацы спорты девизы бындур дæр у ныхмæллæууæджы нымайын, хиуыл æвæллайгæ кусын æмæ уæлахизмæ тырнын. Æмæ йæ æвзонг спортсментæ æххæст кæнынц. Дыууæ боны дæргъы гауызмæ рацæудзысты 450 архайæджы. Спортсментæ сты Цæцæны республикæ, Кæсæг-Балхъар æмæ Хуссар Ирыстонæй. Сæхи бæстонæй цæттæ кодтой. Уымæ гæсгæ уæлахиз къухы æнцонæй бафтдзæн, зæгъынц спортсментæ. Чи фæхæрд уа, уыдонæн та сæ цæттæдзинад ногæй равдисын сæ бон уыдзæн иннæ турниры. 2014-æм азы Уæрæсейы спорты министрад "Æппæт архайдхуызты карате" банымадта спорты ног хуызыл. Æрбангом кодта 30 организацийы. Сæ архайд у алы здæхтытæм гæсгæ, иууылдæр кæрæдзийæ хицæн кæнынц. Тохы рæстæг спортсментæ цæвынц къæхтæй æмæ къухтæй. Фæуæлахиз уæвын æнцон нæу. Ахсджиаг у ныхмæлæууæджы хъуыдытæ бамбарын. Каратейæ хуызтæй республикон турнир сарæзтой фыццаг хатт. Цæудзæн дыууæ боны. Кæронбæттæны сбæрæг кæндзысты раззагдæрты. Уыдон райсдзысты чемпионты ронтæ. Уыимæ нæ республикæйы кад хъахъхъæндзысты Уæрæсейы чемпионаты æмæ Евразийаг хъæзтыты.