Цæгат Ирыстоны парламенты депутаттæ æмхъæлæсæй фесты завод «Электроцинчы» ныхмæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

Домынц, цæмæй йæ сæхгæной. Сæ хъуыдытæ фехъусын кодтой абон парламенты советы радон æмбырды. Парламенты вице-спикер Кучиты Гариййы ныхæстæм гæсгæ, ныртæккæ кусынц республикæйы экологон уавæр сбæрæг кæныныл. Уый фæстæ парламенты депутат Тедеты Дзамболат куыд фехъусын кодта, афтæмæй январæй нырмæ йæхæдæг ис сæрмагонд къамисы сæргъы. Йæ куысты хатдзæгтæ ныридæгæн радзырдта парламенты уæнгтæн. Цæгат Ирыстоны экологийы уавæрыл уæлдай тынгдæр фæбæрæг заводы клинкер. Йæ уæз у 2 милуан тоннæмæ `ввахс. Парламенты депутатты ныхæстæм гæсгæ, завод хъуамæ æнæмæнг архайа хауæддзæгтæ ссыгъдæг кæныныл. Завод сæхгæныны хæс хауы æрмæстдæр куыстуаты хицаумæ, кæнæ тæрхондоны фæндонмæ. Парти «Иугонд Уæрæсейы» регионалон хайады разамонæг Ортабайты Тимур ныхасы бар айста йæ хъæппæрисы фæдыл, цæмæй æмбырды архайджытæ федералон депутаттæм курдиат бахæссыны проект ныффидар кодтой. Парламенты æмбырды ма курдиат фæнысан кодтой, цæмæй Дзæуджыхъæу бахæссой туристон — рекреацион рæзты программæмæ. Афтæ куы уа, уæд зианхæссæг заводтæн горæты мидæг кусыны фадæттæ зынгæ фæкъаддæр уыдзысты. Зæрдæхсаинаг сси заводы кусджыты уавæр дæр. Социалон политикæ, æнæниздзинад æмæ ветеранты хъуыддæгты сæрдар Реуазты Ларисæ фехъусын кодта, заводы ныртæккæ 2 мин адæймаджы кæй кусы. Сæ ныхасмæ дæр сын хъæуы æргом аздахын. Депутатты уырны, ахæм ахсджиаг хъуыддаг æнæ республикæйы сæргълæууæгæй кæй нæ ахицæн уыдзæн, уый. Парламенты уæнгтæ куыд зæгъынц, афтæмæй, гæнæн ис, æмæ тæрхондоны уынаффæ республикæйы пайдайæн нæ уыдзæн. Ныхасы бар радтой Æлборты Иванæн дæр. Специалисты ныхæстæм гæсгæ, завод «Электроцинк» Цæгат Ирыстонæн стыр зиан хæссы. Депутаттæ иумæйагæй сразы сты парти Иугонд Уæрæсейы курдиаты фарс рахæцыныл. Фæнд кæнынц сæ дзуринаг Уæрæсейы Президент æмæ премьер-министрмæ фæхæццæ кæнын. Алы депутат дæр завод сæхгæныны фæдыл схъæлæс кодта. Цæмæй йæ хатдзæгтæ бæрæг дарой, уый тыххæй йæ баххæст кодтой æргомæй. Æмбырды фæстæ йæ хъуыдытæ загъта Калоты Виталий. Йæ ныхæстæм гæсгæ, æхсæнадон кусджытæ æмæ рæспубликæйы разамынды минæвæрттæ иу хъуыдыйыл хæст кæй сты, уый тыххæй æмгуыст кæндзысты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Цæгат Ирыстоны парламенты депутаттæ æмхъæлæсæй фесты завод «Электроцинчы» ныхмæ

Категория:

Новости и СМИ