Цæгат Ирыстоны скъолаты ахуырадон хайæдты разамонджытæ ацæудзысты сæрмагонд ахуыртæ
Цæгат Ирыстоны скъолаты ахуырадон хайæдты разамонджытæ ацæудзысты сæрмагонд ахуыртæ. Сæ сæйраг нысан - ахуыргæнæндоны разамонæджы куысты сусæгдзинæдтæ базонын. Уый тыххæй хъусын кæнынц республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министрадæй. Ахуыргæнджытæн мадзалы фæлгæты сараздзысты сæрмагонд ахуыртæ. Скъолаты разамонджыты хæдивджытæ сæ фæлтæрдзинад фылдæр кæндзысты Мæскуыйы цы сæрмагонд программæйыл бакуыстой, уымæ гæсгæ. Тренингтæ райдайдзысты мартъийы. Ахуыргæнджытæн бацамондзысты урокты раствæрынад. Мæскуыйы центры специалисттæ та ахуыргæнджыты сахуыр кæндзысты уынаффæттæ хæссыны арæхстдзинадыл. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны скъолаты ахуырадон хайæдты разамонджытæ ацæудзысты сæрмагонд ахуыртæ
Категория:
Новости и СМИ