Беслæны сывæллæтты 7-æм рæвдауæндоны кусджытæ сусæггæнæн хызтæ быйынц
Республикæйы цæрджытæ дарддæр æххуыс кæнынц нæ æфсæддонтæн сæрмагонд æфсæддон операцийы бынаты. Сæ фарсмæ балæууыдысты Беслæны сывæллæтты 7-æм рæвдауæндоны кусджытæ дæр. Хъомылгæнджытæ сæ уæгъд рæстæг æмæ фæлладуадзæн бонты быйынц сусæггæнæн хызтæ. Куыстмæ раздæр æрбацæуынц, сихорæй дæр цалынмæ сывæллæттæ фынæй вæййынц, уæд мæ сæ рæстæг пайдаимæ æрвитынц. Бафтаудзыстæм ма уый æмæ сывæллæтты рæвдауæндон æфсæддонтæн фыццаг хатт кæй нæ æххуыс кæны. Сæрмагонд æфсæддон операцийы бынатмæ арæх арвитынц гуманитарон æххуыс дæр. Медикаменттæ, хи мæ зилæн гæрзтæ æмæ хъæугæ дзаумæттæ.