ЦИПУ йы ацыд Нарты кадджыты сусæгдзинæдтæ бæрæггæнæн конкурс

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

5 лет назад

Фæсивæд фыдæлты истори æмæ æгъдæуттæ куыд зонынц, уый сбæрæг кодтой Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты. Арæзт дзы æрцыд интеллектуалон квест. Æппæт фæрстытæ дæр баст уыдысты Нарты кадджытимæ. Студенттæ сæ хæслæвæрдтæ æхсызгонæй сæххæст кодтой. Алы къæпхæны фæрстытыл дæр бæстон æмæ бӕлвырд ныхас. Æрмæст афтæмæй ис фæуæлахиз уæвын. Фæсивæды ныхæстæм гæсгæ, квесты руаджы кæнынц æнгомдæр. Уый тыххӕй мадзал нымайынц кæрæдзиуыл æнувыд кæныны фæрæзыл. 10 къорды архайджытӕ сты алы факультетæй дæр æмæ сæ сæйраг хæс æппæт къæпхæнтæ ацæуын. Нарты кадджыты сæйраг циклтæ, ирон æгъдæуттæ, кинонывтæ æмæ зарджытӕ базонын, истори æмæ бæстæзонынадӕй цæттæдзинад равдисын, лабиринт ацæуын. Бафæлвæрдтой, ирон бæгæны куыд фыцын хъæуы, уый радзурын дӕр. Уæдæ сæ арæхстдзинад равдыстой фат æмæ æрдынæй дæр. Мадзаларазджытæ - университеты профцæдис. Йæ сæйраг нысан - ирон æгъдæуттæ парахат кæнын æмæ сыл фæсивæды ӕфтауын. Кæронбæттæнмæ уæлахиздзаутæн бацæттæ кодтой цымыдисаг æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv