Аннæ Поповæйы хæдзары сарæзтой кадджын мадзал

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

8 просмотров

7 лет назад

Хетæгкаты Къостайы 160 азы юбилеймæ бирæ нал баззад. Чысыл раздæр куыд загътам, афтæмæй, нæ республикæйы бирæ рæтты арæзт `рцыд алыхуызон конкурстæ æмæ кадджын мадзæлттæ. Ныр дæр ма цæуынц. Прогимнази «Эрудит» æмæ Джызæлы 2-аг скъолайы ахуырдзаутæ абон сарæзтой цымыдисаг театралон равдыст. Мин аст сæдæ æстай æхсæзæм азы ацы уынг хуыдтой Къупецаг уынг. Уæд ацы 2 уæладзыгон хæдзары цардысты Анна Поповайы хъæздыг бинонтæ. Фæлæ сын сæ чызджы адæм иууылдæр базыдтой куыд Къостайы æрыгон музæ. Къоста æрыгон чызджы номыл ныффыста æмдзæвгæ «Анна иди за мной». Сныв æй кодта «Скорбящий Ангел» æмæ «Святая Нина»-йы фæлгонцты хуызы. Аннæ Попова ирон адæмæн зынаргъ сси уымæй, æмæ йын йæ номыл Къоста кæй ныффыста йæ хуыздæр æмдзæвгæтæй цалдæр. Уый фæрцы поэт æргом сдзырдта, ныры онг æфсæрмыйаг цы уыди ирон адæммæ дæр æмæ литературæйы дæр, ууыл. Уыцы сылгоймаджы сурæт ын лæвæрдта стыр тых æмæ хъару йе ′сфæлдыстад æргом кæнынæн. Къостайы хӕлар сылгоймӕгтӕй Анна Поповайӕ вазыгджындӕр ӕмӕ ӕнӕмбӕрстгонддӕр удыхъӕд никӕмӕн уыдис. Уый ма ферох кæныны охыл абон йæ хæдзары цур апарахат æцæг театралон равдыст. Прогимназ «Эрудит» æмæ Джызæлы дыккæгæм скъолайы ахуырдзаутæ бацæттæ кодтой цымыдисаг программæ. Кæфыдысты, зарыдысты, аив бакастысты æмдзæвгæтæ дæр. Æрымысыдысты зынгонд поэты биографи æмæ й уæрæх сфæлдыстадон фæндаг. Сæ хъуыдымæ гæсгæ, Хетæгкаты Къоста рох нæ уыдзæн, цалынмæ йын кæстæртæ аргъ кæной, йе` æмдзæвгæтæ йын зоной, уæдмæ. Сывæллæтты рæвдауæндоны сабитæ, раст цыма æцæгдæр театры актертæ уыдысты, афтæ раргом кодтой сæ курдиат. «Эрудит»-ы разамонæг Фидараты Эммæ куыд зæгъы, афтæмæй æрмæст абон ахуырдзаутæ нæ æрымысыдысты зындгонд поэты ном. Йæ кадæн ахуыргæнæндоны кæнынц стыр куыст. Скъоладзаутæ ма бацæттæ кодтой сæрмагонд равдыст дæр. Сæ нывты равыдстой Къостайы аивады аууæлтæ, сывæллон сæ цы хуызы уыны, афтæ. Чи йын йæхи ныв бацæттæ кодта, чи та экспозицийы хуызы йæ уацмысты хъайтарты равдыста. Хъараты Маринæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Аннæ Поповæйы хæдзары сарæзтой кадджын мадзал

Категория:

Новости и СМИ