Хорз `рдæм
Цæгат Ирыстоны паддзахадон хæс къаддæрæй къаддæр кæны. Уый тыйххæй абон хицауады радон æмбырды фехъусын кодта республикæйы финансты министр Дзæгъойты Алан. Йæ ныхæстæм гæсгæ, афæдзы райдиан паддзахадон хæс хъалонты раз уыди 89 проценты. Азы кæронмæ йæ фæнд кæнынц 82 проценты онг фæкъаддæр кæнын. Уыимæ ма, бюджет куыд æххæст кæнынц, афтæмæй 2021 азмæ та гæнæн ис æмæ фæкъаддæр уыдзæн 55 процентмæ. Хицауады сæрдар Тускъаты Тамураз куыд загъта, афтæмæй уый тыххæй нæ республикæйы стыр æмæ ахадгæ куыст кæй кæнынц. Æмбырды ма æрдзырдтой фæндæгты арæзтады тыххæй дæр. Уæлдай дæр та тагъд Дзæуджыхъæуæй Мæздæгмæ цы ног фæндаг сараздзысты, ууыл. Йæ дæргъ уыдзæн 60 километрæй фылдæр. Фæндæгты хъæдзарады комитеты сæрдар Солиты Тариелы ныхæстæм гæсгæ, йæ саразыныл схардз кæндзысты федералон бюджетæй 333 милуан сомы. Иннæ фæрæзтæ - 1 милуан æмæ 700 мин сомы — радих кæндзысты 2020 азы. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ ацы проект федералон органты пъланмæ гæсгæ хъуамæ сæххæст кодтаиккой 2022 азы. Фæлæ нæ республикæйы сæргълæууæджы фæрцы, куыстытæ фæрæвдздæр сты. Фæндаг аразын райдайдзысты ног аз. Йæ проект цæттæ у. Ныртæккæ цæуы паддзахадон экспертизæ. Æмбырды дзырдтой фæндæгты уавæры æмтгæй райсгæйæ дæр, æмæ зымæгмæ сæ цæттæдзинады тыххæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Хорз `рдæм
Категория:
Новости и СМИ