Профессион алон цæттæгæнæн центры уыд дæсныйадæвдисæн ахуыртæ
Фестиваль «Дни науки»-йы фæлгæты рагагъоммæ профессионалон цæттæгæнæн центры ацыд тымбыл стъол. Центры специалисттæ, амалхъомад æмæ экономикæйы къабæзты минæвæрттæ æрныхас кодтой сæ риссаг фарстатыл. Сарæзтой сæ рæзтыл иумæйагæй бакусынæн пълан. Уымæй уæлдай ма, фестивалы фæлгæты центры уыдысты скъоладзаутæн дæсныйадæвдисæн ахуыртæ. Сæ зонындзинæдтæ фæфылдæр кодтой туризм VR-ӕцӕгдзинад ӕмӕ компьютерон хъæзтыты 3D-моделированийы. Сæхи ма бафæлвæрдтой квадрокоптертимæ кусгæйæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv