1-æм июлы 1873-æм футболон матчы рæстæг фыццаг хатт спайда кодтой æхситтгæнæнæй
Цымыдисаг цау æрцыд 1878 азы Лондоны футболон матчы рæстæг. Цæвиттон хъазт тæрхон кæнын бабар кодтой пъæлицæйагæн. Футболистты фембæлд йæ тæмæны куы бацыд, уæд спортсментæй иу хыл ракъахта æмæ ма цæй хъазт æмæ цæй цы. Уыцы рæстæг тæрхонгæнæг-пъæлицæйаг айтæ-уйтæ нал фæкодта æмæ йе `хситгæнæнæй ныкъкъуыззитт кодта. Хыл уайтагъд банцад. Адæмæн æппæты уарзондæр хъазты та фæзынд ногдзинад - æхситтгæнæн. Уыцы бонæй фæстæмæ æхситтгæнæнæй пайда кæнын райдыдтой æндæр бæстæты дæр. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ тæрхонгæджытæ фæзыл фæзындысты дзæвгар раздæр - 1873 азы. Уыцы фондз азы уал пайда кодтой сæрмагонд дзæнгæрæгæй, кæнæ та хи уадындзтæй. Арбитртæ уыдысты алы дæсныйады кусджытæ; клерктæ, дохтыртæ, фысджытæ. Зæгъæм, фыссæг Артур КОнан Дойл дæр тæрхон кодта футболон хъæзтытæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
1-æм июлы 1873-æм футболон матчы рæстæг фыццаг хатт спайда кодтой æхситтгæнæнæй
Категория:
Новости и СМИ