Хъыгдард ничи баййæфта
Абон 16 сахаты 16 минутыл физиотерапевтон рынчындоны бæстыхай Маркусы уынджы фæздæгæй нал зынд. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй зынсирвæзт рауад бæстыхайы пъадвалы. Ссыгъдысты дзы гобæттæ æмæ хуыссæны цъæрттæ. 113 адæймаджы æвæстиатæй рацæуын кодтой. Уыдонæй 98 сты рынчынтæ, иннæтæ та- уагдоны кусджытæ. Хъыгдард дзы ничи баййæфта. Арт ахуыссын кæныныл архайдтой 56 адæймаджы æмæ 14 техникон иуæджы. Сахатмæ зынсирвæрзт аиуварс кодтой. Ныр ын йæ ахоссæгтæ бæлвырд кæндзысты. Къораты Сослан, РЦИ-Аланийы æнæнхъæлæджы уавæрты министрады зынсирвæзты ныхмæ службæйы разамонæджы хæдивæг: «Ацы зынсирвæзт хауы дыккаг къæпхæнмæ. Уымæн æмæ бæстыхайы бирæ адæм уыдис. Сеппæты дæр кæй рахуыдтой æмæ арт куы ахуыссын кодтой, уый фæстæ та йæ йыл архайдтам фыццаг къæпхæнмæ гæсгæ». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хъыгдард ничи баййæфта
Категория:
Новости и СМИ