Хъæугæ хъуыддæг
Цæгат Ирыстоны райдайдзысты æххуыс кæнын, амалхъомдзинады фыццаг къахдзæфтæ чи кæны, уыдонæн. Нæ республикæйы ахæм проект сарæзтой фыццаг хатт. Йæ руаджы æрыгон амалхъом адæмæн сæ бон ссарын уыдзæн инвесторты. Абон сæрмагонд æмбырды æрдзырдтой сæйраг проекты сæйраг фарстатыл. Республикæйы цæрджытæй кæй фæнды, уыдонæн се `ппæтæн дæр сæ бон у йæ хъуыдытæ баххæсын. Инвесторты зæрдæмæ кæд фæцæуой, уæд сын сæ сæххæст кæнынмæ сæ фарсмæ балæудзысты. Корпоративон акселераторы разамонæг Екатеринæ Петровайы ныхæстæм гæсгæ, нæ республикæ хуымæтæджы нæ равзæрстой. Цæгат Ирыстоны амалхъом адæм бирæ рæстæг сæ проекттæ царды æххæст кæнынц. Афæдзы кæронмæ Цæгат Ирыстоны Паддзахадон университеты хъæппæрисæй фæзындзæн франшизон компанийы проект. Университеты разамынды куыд бафиппайдтой, афтæмæй ацы хъуыддаг у хъæугæ æмæ ахадгæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хъæугæ хъуыддæг
Категория:
Новости и СМИ