Турчы ирон диаспорæйы уæнгтæ фембæлдысты Хъаныхъуаты Шерифимæ
Кæд ирон адæмы кæрæдзиуыл æнувыддзинадæн искуы дæнцæг ис, уæд æй æрхæссæн ис Босфоры былгæрæттæй. Турчы цæрæг не `мтуг адæм та радон хатт бавдæлдысты, æмæ Стамбулы фембæлд сарæзтой сæ раззагдæртæй иуимæ - Хъаныхъуаты Шерифимæ. Уый у, ацы бæстæйы куыстадон хæдтулгæтæн цæлхытæ чи уадзы, ахæм тæккæ егъау заводы сæргълæууæг. Фæлæ цыфæнды æнæвдæлон куы уа, уæддæр йæ уарзон адæмимæ фембæлынæн рæстæг ссары. Кæрæдзийы та, цы фæтк ныффидар, уымæ гæсгæ федтой Стамбулы, Турчы цы ирон адæм цæры, уыдоны æхсæнад «Алан»-ы бæстыхайы. Афтæ рауад, æмæ ма уымæн æвдисæнтæ уыдысты Цæгат Ирыстоны сфæлдыстадон иугонд «Портал»-ы фæсивæд дæр. Хъаныхъуаты Шериф æрбацæуджытæн радзырдта йæ цардвæндаджы тыххæй. Кæм райгуырд, кæм хъомыл кодта, йе `нтыстытæм куыд цыдис, уый тыххæй. Турчы цæрæг ирон адæм ыл тынг æнувыд сты. Хъыгагæн, иронау дзурынмæ нал арæхсы, фæлæ, куыд фæзæгъынц, удæй уæддæр иронæй баззад. Цыфæнды хъуыддаг ма цæуа Стамбулы ирон æхсæнады, Хъаныхъуаты Шериф вæййы йæ саразджыты `хсæн. Ахæм фембæлдтытæ та сын тынг ахсджиаг сты: сæ руаджы хæцынц се `гъдау æмæ се `взагыл. Сæ фæзминаг хъуыддæгты кой æрбахæццæ Цæгат Кавказы хæхтæм дæр. Фембæлды архайджытæн арфæ ракодта нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй «йæ зæрдæйыл æмбæлынц Хъаныхъуаты Шерифы хуызæн нысанмæ цæуæг адæм». Уæлдай арфæ республикæйы сæргълæууæг ракодта Турчы цæрæг ирон адæмы æхсæнад Хъуысаты Садреттинæн дæр. Уый йæ удæй арт цæгъды, цæмæй фыдæлты туг æцæгæлон бæстæйы ма байсыса. Хистæртæ хъуыды кæнынц сæ кæстæрты сомбоныл. Æмæ уый та кæддæриддæр вæййы æнтысты рахæцæн. Хъаныхъуаты Шерифы цард уымæн - æвдисæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Турчы ирон диаспорæйы уæнгтæ фембæлдысты Хъаныхъуаты Шерифимæ
Категория:
Новости и СМИ