Хорз хъуыддаг
Ног азы бæрæгбоны размæ республикон клиникон рынчындоны сывæлæттæн арфæйы ныхæстæ ракодтой Æппæтуæрæсеон адæмон фронты уæнгтæ. Сарæзтой сын рæсугъд æмæ хъæлдзæг бæрæгбон. Уазæгуаты сæм æрцыдысты Митын Дада æмæ Митæ. Æрбахастой сын лæвæрттæ. Бæрæгбоны уазджытæн сывæллæттæ радзырдтой æмдзæвгæтæ. Уымæй уæлдай ма Митын дадайæн æххуыс кодтой заз бæласыл рæсугъд цырæгътæ ссудзынмæ. Бæрæгбонмæ æрбахуыдтой 30 сывæллонæй фылдæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хорз хъуыддаг
Категория:
Новости и СМИ