Сæ цæст дарынц

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

7 лет назад

Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы уæнгтæ абон бабæрæг кодтой нæ республикæйы сывæллæтты фæлладуадзæн лагерьтæ. Уыцы куыст кæнынц проект «Адæмон цæстдард»-ы фæлгæты. Сæ сæйраг хæс у - лагерьты куысты уагхæлдтытæ аиуварс кæнын. Партийы минæвæрттæ райдыдтой санаторий «Осетия»-йæ. Æркастысты, хойраг куыд кæнынц, уымæ, æдасдзинады æмæ санитарон домæнтæн санатори дзуапп дæтты æви нæ, уый дæр федтой. Лæмбынæг сæм байхъуыста нæ уацхæссæг Хуасдзауты Алинæ. Сывæллæтты санаторий «Осетия» йæ куыст райдайы июны. Сæрддæргъы дзы бафæстиат вæййынц. Стæй ма се `нæниздзинад дæр фæхуыздæр вæййы. Ардæм æрбацæуынц, 7 азæй 14 азы онг кæуыл цæуы, ахæм сабитæ. Ныртæккæ санаторийы ис 44 сывæллоны. Сæ рæстæг хъæлдзæг æмæ пайдаимæ арвитынæн дзы ис æппæт фадæттæ дæр. Сывæллæттæ архайынц куыд спортæй, афтæ сфæлдыстадон къордты дæр. Фарон санаторийы куыст бабæрæг кодтой парти «Иугонд Уæрæсе»-йы уæнгтæ. Разынд сæм фиппаинæгтæ. Кæм бæстыхай базилинаг уыд, кæм та дзы кусæнгæрзтæ нал бæззыдысты. Абон сæм ногæй фæзындысты ахæм бæрæггæнæн хæсимæ. Хъуыддаг хуыздæрырдæм аивта æви нæ, уый федтой. Кусæндоны сæйраг дохтыры хæстæ æххæстгæнæг Лариса Рязановайы ныхæстæм гæсгæ, хæрæндон фаронимæ абаргæйæ зынгæ хуыздæр уавæры ис ныр. Лариса Рязанова, сæйраг дохтыры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг: «Фарон æй чи федта, нæ хæрæндон цы уавæры уыдис, уыдон æй уайтагъддæр банкъардзысты, уавæр кæй фæхуыздæр, уый. Хæрæндонæн йæ цар раивтам, сæвæрдтам дзы сæрмагонд хицæнгæнæн фарс, цæмæй сывæллæтты бон хæрды фæстæ сæ рæстæг ам æрвитын уа. Зæронд пецтæ ногтæй раивтам. Къултæ æмæ цар сахуырстам, цæмæй сыгъдæг уой. Фæзынд нæм ног мигæнæнтæ дæр». Санаторийы сывæллæттæн хæрын кæнынц сæрмагонд менюмæ гæсгæ. Санэпидем æстардæй фидаргонд у. Бонмæ сабитæ хæрæндон абæрæг кæнынц 5 хатты. Партийы уæнгтæ куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй йæ уавæр хуыздæрырдæм аивта. Тауытты Алыксандр: «Нæ партийы проект «Народный контроль», зæгъгæ, уый фæлгæты нæ цæст æппынæдзух дарæм нæ республикæйы сывæллæтты фæлладуадзæн лагерьтæм. Фыццаг аз нæ кæнæм ацы куыст. Абон бабæрæг кодтам «Осетия». Цы федтам, уымæй разыйæ баззадыстæм. Хойраджы хайады уавæртæ зынгæ хуыздæр фесты. Æхсызгон нын у, сывæллæттæн хуыздæр уавæртæ кæй ис ныр, уый. Абон ма бабæрæг нæ фæндаг уыдзæн Тæмискъ æмæ Урсдоны лагерьтыл дæр. Сæрдыгон рæстæг архайæм сывæллæтты фæлладуадзæн рæттæм нæ цæст дарыныл. Санаторийы разамынд нæм бахатыд. цæмæй сын сæ кæрты асфальт сæвæрыныл сахадæм. Нæ бон цæмæй уа, уымæй сæм фæкæсдзыстæм». Партийы уæнгтæ ма "Æрыгон гварди"-йы минæвæрттимæ фæнд кæнынц санаторийы фæзуаты сыгъдæгдзинады зиу саразын. Хъуамæ дзы амброзийы тъæпæнтæ скуынæг кæной. Сывæллæтты æнæниздзинад хъуамæ ма цы хъыгдара. Хуасдзауты Алинæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Сæ цæст дарынц

Категория:

Новости и СМИ