Спортæй архайынæн

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

Ныртæккæ та уын цы кадртæ равдысдзыстæм - уыдон систам Ногиры. Ахæм уавæры ныртæккæ у хъæуы спортивон зал. Уыди боксæй архайынмæ, фæлæ заууат уавæрмæ рæцыд.  Раздæр спортæй архайынмæ фæстивæд тырныдтой ацы бынатмæ. Ныр йæ рацаразыныл архайынц, цæмæй сног уа. Цалцæг кæнынмæ бавнæлдтой бынæттон цæрджытæ сæхæдæг! Фæнд дзы кæнынц хæццæ хъæбысхæстæй зал саразын. Куыд зæгъынц, афтæмæй ныртæккæ ахæм секцитæ Ногиры нæй. Цалцæггæнæн куыстытæ кæнынц цæрджытæ сæхи фæрæзтæй. Æххуыс ма сын кæны фонд «Богал». Зæгъын хъæуы уый æмæ уыдон Ирыстоны спорты рæзтыл уæлдай æнувыд сты. Ме`скусæг Пелиты Сабинæ абон уыд Ногиры. Федта архайджытæ куыд кусынц, уый. Семæ аныхас кодта æмæ дзы рауад, уымæ мæнæ бакæсут. Ногиры спортивон зал ныртæккæ мæнæ ахæм уавæры ис. Фæлæ тагъд рæстæджы хъуыддаг хуыздæры рдæм аивдзæн. Хъæуы фæсивæд сæхи хъарутæй бавнæлдтой æмхæццæ хъæбысхæсты зал сног кæнынмæ. Цалцæггæнæн куыстытæ дзы райдыдтой. Ацы хорз хъуыддагæн чи йæ хъару нæ бавгъау кодта, чи та йе хцайы фæрæзтæ. Фæсивæд тынг зæрдиагæй фыдæбон кæны. Зал фæнд кæнынц афтæ саразын, цæмæй дзуапп дæтта æппæт нырыккон домæнтæн дæр. Спорты хи фæлварынмæ дзы фæзындзæн æппæт уавæртæ дæр. Куыстытæ бæстонæй цæуынц. Афтид къултæй райдыдтой. Ныридæгæн уал дзы цæуынц мидæггаг куыстытæ. Сæвæрдтой ног рухсдæттæн системæ. Уымæй уæлдай ма зæрдæ æвæрынц санитарон домæнтæн дæр дзуапп кæй дæттдзæн уымæй. Фæсивæд куыд зæгъынц афтæмæй дзы бакуысинаг хъуыддæгтæ нырма бирæ ис. Фæлæ зивæг æппындæр дæр нæ кæнынц. Ногиры фæсивæдæн ма ацы хорз хъуыддаджы баххуыс кодтой фонд «Богал». Йæ минæвæрттæ æппынæдзух сæ хъус фæдарынц нæ республикæйы спорты райрæзты фарстатæм. Сæ бон кæм вæййы уым æххуыс дæр бакæнынц. Бынæттон цæрджытæ сæ зæрдæ дарынц сæ хъæуæй дарддæр дæр зынгонд спортсментæ кæй рацæудзæн ууыл. Ацы ног зал та уыцы хорз хъуыддагæн у пайда æмæ ахсджиаг. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Спортæй архайынæн

Категория:

Новости и СМИ