Æппæтуæрæсеон акци «Сохраним лес»

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

7 лет назад

Цæгат Ирыстоны сараздзысты хъæдтæ сырæзын кæныны æппæтуæрæсеон акци «Сохраним лес», зæгъгæ. Архайыны фадат дзы уыдзæн кæй фæнда, уыдонæн се 'ппæтæн дæр. Акцийы фæлгæты æгас бæстæйы хъуамæ ныссадзой 30 милуан бæласы талайы. Ныссадзысты сæ 30-æм ноябры онг. Цæгат Ирыстоны акцийы райрæзтыл бакусдзысты октябры. Нæ республикæйы æрдзхъахъхъæнынады министрады пресс-службæйæ куыд хъусын кæнынц, афтæмæй программæмæ гæсгæ Мæздæджы æмæ Горæтгæрон хъæдты хъуамæ ныссадзой бæлæсты талатæ. Уыимæ ма скъолаты сараздзысты хъæд хъахъхъæныны тыххæй сæрмагонд уроктæ. Хъæдты фондмæ цы зæххытæ хауынц уым та сараздзысты зиутæ. Сæ сæйраг нысан - хауæтдзæгтæ бафснайын. Хъæды хæдзарады федералон агентад ахæм бархионты акцитæ аразы 2011-æм азæй. Уалдзæджы вæййы хъæд садзыны æппæтуæрæсейон бон. Фæззæджы та - æппæтуæрæсейон акци «Живи, лес», зæгъгæ. Ацы мадзæлтты руаджы æрвылаз æгас бæстæйы ныссадзынц 80-æй милуан зайæгойы. 7 азы цæуы уыцы куыст. Уæдмæ 21 милуан адæймаджы архайдæй нæ бæстæйы цъæх фæлыст фæфылдæр 405 милуан бæласы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Æппæтуæрæсеон акци «Сохраним лес»

Категория:

Новости и СМИ