Карантины сæхгæдтой сывæллæтты дыууӕ рæвдауæндоны
Карантины сæхгæдтой сывæллæтты дыууӕ рæвдауæндоны. Æмткæй райсгæйæ, респираторон вирусон инфекцитæй рынчынтæ фæфылдæр сты, фæлæ бирæ нæ. Эпидемиологон къæпхæны сæрты нымæц нæ ахызт. Уый тыххæй фехъусын кодта республикæйы сæйраг санитарон дохтыр Тыбылты Алан хицауады аппаратон æмбырды. Медицинон æххуысмæ чи бахатыд, уыдоны фылдæр хай сты сывæллæттæ, ахуырадон уагдæтты чи ахуыр кæны, ахæмтæ. Æдæппæтæй гриппы ныхмæ регионы прививкæтæ скодтой 154 адæймаджы. Æмбырды ма æрныхас кодтой æндæр фарстатыл дæр. Цæгат Ирыстоны 1117 социалон контракты. Паддзахадон социалон æххуыс скæнынæн радих кодтой 246 милуан сомы. Ныхас ма кодтой туризмы рæзтыл дæр. Цæгат Ирыстоны сараздзысты чысыл фысымуæттæ, стæй глэмпинг кæй хонынц, ахæм бынæттæ. Афæдзы кæронмæ уыцы нысантæн ратдзысты фæрæзтæ.