Комкоммæ ныхас
Цæгат Ирыстоны мидхъуыддæгты министр Михаил Скоков фембæлд Горæтгæроны цæрджытимæ. Октябрьскæйы культурæйы хæдзармæ 300 адæймагæй фылдæр æрбацыд. Районы цæрджытæ æргом ныхас кодтой мидхъуыддæгты министрады алы хайæдты разамонджытимæ. Бæрнон кусджытæ байхъуыстой адæмы хъæстытæм, сæ курдиæттæм, сæ фарстатæн сын дзуæпп радтой. Уыдон та гыццыл нæ уыдысты. Зæгъæм пъæлицæйы кусджытæ сæ хæстæ куыд æххæст кæнынц, закъонхæлдтытæ ма руадзынæн цавæр куыст цæуы æмæ æндæртæ. Æркастысты 2016 азы компенсаци чи нæ райста их куы рауарыд уыдоны уавæрмæ. Иуæй-иу цæрджытæ тыхсынц æгуыстæй кæй бадынц уымæй.Иуæй-иу фарстатæ æмбырды рæстæг алы кодтой. Адæм ма æргомæй загътой пъæлицæйы куысты сæ зæрдæмæ цы нæ цæуы уый дæр. Бæрнон кусджытæ адæмы курдиæттæм лæмбынæг байхъуыстой. Æмбырды уыд æхсызгон цау дæр – Михаил Скоков Горæтгæроны Мидхъуыддæгты оргæнты кусджыты ныййарджытæн арфæ ракодта, æмæ сын кадджын уавæры бузныджы гæххæттытæ радта. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Комкоммæ ныхас
Категория:
Новости и СМИ