22-æм мартъийы дунейы бæрæг кæнынц доны бон
Абон æппæт дунейы бæрæг кæнынц доны бон. Бæрæгбон снысан кодта ООН-ы Генералон Ассамблея 1993-æм азы. Нæ республикæ ацы æрдзон хорзæхæй æххæст у. Æхсæрдзæнтæ, донгуырæнтæ, цадтæ, цæугæдттæ. Ацы хорзæхтæй республикæ пайда кæны. Зæгъын хъæуы уый, æмæ донæй хи хъæуы хъахъхъæнын дæр. Доны тых æгæрон у. Цæгат Ирыстоны ивылдтыты цаутæ бирæ уыд. Апрелы астæуæй доны æмвæзад зынгæ фæфылдæр вæййы: цъититæ райдайынц тайын, сарæх вæййынц къæвдатæ дæр. Æмæ цæмæй цæрджыты цардæн тæссаг ма уа, уый тыххæй Цæгат Ирыстоны стыр æргом здахынц былгæрæттæ фидар кæныны куыстытæм. Уыимæ цæстдард цæуы дæтты экологон уавæрмæ дæр.