РЦИ-Аланийы хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз сарæзта сæрмагонд æмбырд
200 хæдзары баххæсдзысты зæхх лæбырдыдтытæй тæссаг кæм у, уыцы бынæттæй æндæр цæрæнуæттæм цæрджыты раивыны программæмæ. Баххæст æй кæндзысты республикæйы 6 районы. Уый тыххæй фехъусын кодтой сæрмагонд æмбырды. Амыдта йæ Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз. Субсидитæ райсынмæ хъæугæ гæххæтытæ бацæттæ кæндзысты бынæттон хиуынаффæйы, Кадастрон палатæйы уæнгтæ æмæ æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ. Æмбырды ма дзырдтой республикæйы сæргълæууæг йæ ныстуаны цы хæслæвæрдтæ фæнысан кода, уыдон куыд æххæстгонд цæуынц, ууыл. Зæгъæм, хъæууон хæдзарады министрад кусы 19 программæйы райрæзтыл. Уыдон хорзы `рдæм фæбæрæг уыдзысты агропромышленон комплексы къабазыл. Социалон нысаниуæг кæмæн ис, уыцы объекттæ федералон программæттæм баххæсыныл куыст куыд цæуы, уый тыххæй радзырдта республикæйы экономикон райрæзты министр Томайты Хъазыбег. Æмтгæй райсгæйæ сты 113 объекты. Бахардз сыл кæндзысты 10 миллиард сомы. Цæрæнуæттæ коммуналон хæдзарады министр Томайты Майран куыд бафиппайдта, афтæмæй Алагиры æмæ Беслæны цæрджыты хъармгæнæнтимæ баст фарстатæ хъæуы аиуварс кæнын. Уыимæ мæ ма хъармгæнæн рæстæгмæ бирæуæладзыгон хæдзæрттæ бацæттæ кæнын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
РЦИ-Аланийы хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз сарæзта сæрмагонд æмбырд
Категория:
Новости и СМИ