Спорты рæзтæн
Дзæуджыхъæуы кадджын уавæры байгом кодтой бирæвæрсыг спортивон фæз гом арвы бын. Ифтонггонд у æппæт хъæугæ спортивон кусæнгæрзтæй дæр. Кадджын мадзалы архайдтой нæ республикæйы сæрдары хæдивæг Азымты Иринæ, арæзтад æмæ спорты министртæ, стæй горæты администрацийы минæвæрттæ. Бæлвырдтæр хабæрттæ - нæ уацхæссæгмæ. Дзæуджыхъæуы кадджын уавæры байгом кодтой бирæвæрсыг спортивон фæз гом арвы бын. Йæ арæзтады кæронбæттæнмæ зæрдиагæй æнхъæлмæ кастысты горæты цæрджытæ. Трибунæтæ байдзаг сты сколадзаутæй, студенттæй æмæ спортуарзджытæй. Мадзал кадджын уавæры байгом кодта хицауады сæрдары хæдивæг Азымты Иринæ. «Ахæм спортивон фæзтæ пайда сты сывæллæтты æнæниздзинад фæхъæддыхдæр кæнынæн. Мах тынг фæнды, цæмæй нæ рæзгæ фæлтæр уой æнæниз æмæ спорты хуызты сæхи фæлварой», — РЦИ-Аланийы хицауады сæрдары хæдивæг Азымты Иринæ. Спортивон дугъгæнæн фæндаджы дæргъ у 200 метры. Уымæй уæлдай ма 100 метры тæхынæн æмæ дæргъмæ гæппкæнынæн скодтой сæрмагонд бынат. Дугъгæнæн фæндаг æмбæрзт у сыгъдæг экологон, æнæниздзинадæн зиан чи нæ хæссы, ахæм æрмæгæй. Ног спортивон фæндæгтыл сæхи бафæлвæрдтой æрыгон спортсментæ. Мадзалы сарæзтой цымыдисаг æркастытæ, архайдта дзы 3 къорды. Уæлахидзаутæ сæ æнкъарæнтæ нæ сусæг кодтой. Разыйæ баззадысты. Футболæй хъазынæн радих кодтой 60 квадратон метры. Сарæзтой ма дзы цымыдисаг хъазæн фæз, уым фæсивæдæн сæ бон уыдзæн волейбол, баскетбол, бадминтон æмæ теннисæй хъазын. Уыцы-иу рæстæг фæзыл уæвæн ис 100 адæймагæн. Трибунæтыл та - 300-йæн. Спортивон фæз ифтонг у хъæугæ рухсдæттæн системæтæй. Футболон фæзыл фыццаг къахвæд ныууагъта физкультурæ æмæ спорты министр Габулты Владимир. Ахъазыд футболон клуб «Барс»-ы хъомылгæнинæгтимæ. «Футболон фæз у хъæрзхъæд. Сывæллæты цардæн дзы тæссагæй ницы ис. Уымæ гæсгæ футболуарзджытæ хуыздæр архайдзысты сæхиуыл. Ахæм уавæрты нæм фæзындзæн курдиатджын фæсивæд. Фидæны нын æгас дунейыл нæ республикæйы ном айхъуысын хъуамæ кæной. Мах та сын хъæугæ уавæртæ араздзыстæм», — РЦИ-Аланийы физкультурæ æмæ спорты министр Гæбулты Владимир. Проект арæзт æрцыд федералон программæ физкультурæ æмæ спорты райрæзты фæлгæты. Спортивон фæз саразыныл схардз кодтой 19 милуан сомы. Ацы аз републикæйы сарæзтой 5 фæзы. Арæзтады министры ныхæстæм гæсгæ, фидæны спортивон фæзтæ фылдæрæй-фылдæр кæндзысты. «Ацы аз ахæм спортивон фæз байгом кодтам Джызæлы, абон та ам. Нæ республикæйы дзы фылдæр саразын хъæуы. Фæсивæды æнæниздзинад хъыгдард куы нæ уа, уæд ма уымæй хуыздæр цы ис», — РЦИ-Аланийы арæзтады министр Касаты Таймураз. Бирæвæрсыг спортивон фæзы йе `вдæлон рæстæг арвитын йæ бон уыдзæн, кæй фæнда, уыдонæй алкæмæн дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Спорты рæзтæн
Категория:
Новости и СМИ