Октябрьскæйы цæрæджы цы куыйтæ бахсыдтой, уыдоны хицауæн тæрхон рахастой
Æцæгæйдæр, адæймаджы зæрдæ ныккæрзы ахæм нывтæм кæсгæйæ. Фæлæ хатт иннæрдæм дæр рауайы хъуыддаг. Цы зæгъынмæ хъавæм? Цæвиттон, фарон сентябры, Октябрскæйы хъæуы цæрæджы Боцуаты Владимиры йæ сыхаджы куыйтæ бахсыдтой. Нæ телекомпани ма йыл сæрмагонд æрмæг дæр систа. Мæнæ сæ уæхæдæг уынут уыцы кадртæ. Адæймагæн куыдз йæ къухтæ, сæр æмæ ма йæ хуылфы дзаумæттæ дæр раст ныскъуыдтæ кодта. Фервæзын æй кодтой республикон клиникон рынчындоны. Боцуаты Владимиры чызг Иринæ куыд зæгъы, афтæмæй ныр дæр ма йæ фыды дохтырты æххуыс фæхъæуы. Фæлæ уыцы хæцаг куыдзы хицауæн дæр стæрхон кодтой - бадзырдон æмгъуыдæй 1 аз æмæ 10 мæйы. Ахæм уынаффæ рахастой Горæтгæрон районы тæрхондоны. Уый фæстæ адæймаг сыпп кæнын дæр нал бауæндыдаид. Куыннæ стæй! Адæм куыд зæгъынц, афтæмæй сæ сыхаг уæддæр йæ куыйты суæгъд кæны æнæ цъуттатæй. Уынгыл та ацæуын дæр ничиуал уæнды. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Октябрьскæйы цæрæджы цы куыйтæ бахсыдтой, уыдоны хицауæн тæрхон рахастой
Категория:
Новости и СМИ