Беслæны 8-æм скъолайы бындурон цалцæг кæронмæ фæхæццæ кæны
Беслæны 8-æм скъолайы бындурон цалцæг кæронмæ фæхæццæ кæны. Куыстытæ райдыдтой ивгъуыд ахуыры аз æмæ сывæллæттæ ахуыр кодтой 2 фæлтæрæй. Рацарæзт цæуы "Ахуырады райрæзты" паддзахадон программæмæ гæсгæ. Сентябры скъола йæ чысыл хæлæрттæн ногæй йæ дуæрттæ байгом кæндзæн. Цавæр ногдзинæдтæ сæм æнхъæлмæ кæсы, уый базыдтой нæ уацхæсджытæ. Пушкины бульвар, Пифагоры проспект æмæ Зонынуарзаг сабиты сых. Ахæм хъæлдзæг нæмттæ ис Беслæны 8-æм скъолайы алы хæйттæн. Алы предметæн дæр йæхи тыргъ. Ахæм хъауджыдæрдзинад ахуыргæнджытæ æрхъуыды кодтой, фæлæ йæ царды ауагътой скъоладзаутимæ иумæ. Сныв кодтой къултыл, уæладзгуытæй иуыл сарæзтой сценæ. Фæлæ цалцæджы рæстæг нывтæ иууылдæр бахъахъхъæнын нæ рауад, уымæн æмæ афтæмæй къултæ байсæрдæн æмæ сахорæн нæ уыд. "Ахуырады райрæзты" паддзахадон программæмæ гæсгæ бæстыхай æгасæйдæр сцалцæг кодтой. Бауагътой йæм ног хæтæлтæ æмæ хъармгæнæнтæ. Сентябры скъола йæ чысыл хæлæрттæн ногæй йæ дуæрттæ байгом кæндзæн. Сæ нымæц, дзырдæн, у 900-йы бæрц. Аивгæнæн куыстытæ адарддæр кæндзысты урокты рæстæг дæр. Объект сцæттæ уыдзæн 10-æм октябрмӕ. Скъолайы ма фæзынд тир. Мысан æнæ аиппæй къуырын кæй фæнды, уыцы кадеттæн ныр уый бантысдзæн. Дæсныйады агъоммæ ахуырады пъæлицæйы здæхты кадетон кълас байгом кодтой Ахуырады министрад, Мидхъуыддæгты министрад, Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет æмæ скъолйы 'хсæн бадзырдмæ гæсгæ. Ис дзы, йæ цард æфсæддон хъуыддагимæ сбæттын кæй фæнды, 22 ахæм ахуыргæнинаджы. Бирӕтӕ уый тыххæй ардæм æрбацыдысты æндæр скъолатæй. Кадетты боны фæтк иннæ скъоладзауты фӕткæй хицæн кæны. Боны фыццаг хай сæм, куыд æппæтмæ, ис уроктæ, дарддæр — уæлæмхасæн дисциплинæтæ: ленк кæнын, æфсæддон æмæ хæстрæнхъон цæттæдзинад æмæ кафджытæ. Кадеттæн суанг сæ уæлæдарæсæй дæр зæрдæ райы. Беслæны 8-æм скъолайæн ис йæхи герб æмæ тырыса, стæй гимн дæр. Ныффыстой йæ ахуыргæнджытæ сæхæдæг. Ахуырдоны ис уæлæмхасæн ахуырады 28 алыхуызон къорды. Ам сабиты сфæлдыстадон æмæ социалон хъомыладмæ уæлдай æргом здахынц. Сызгъæрин майданимæ скъола каст чи фæвæййы, уый ном та фыст æрцæуы æрбахизæны царыл.