Инæлары сызгъæрин стъалы
Инæлары амондджын стъалы. Афтæ хуыйны режиссер Гулуты Вячеславы ног документалон киноныв. Йæ премьерæ уыдис Дзæуджыхъæуы кинойы хæдзары. Æвдыст дзы цæуы Уæрæсейы дард авиацийы æфсæддон æмæ уæлдæфон тыхты командыгæнæг Сергейы Кобылашы цард Гуырдзыстон æмæ Ирыстоны `хсæн быцæуы рæстæг. Йе `фсæддон хæдтæхæг ын сæхстой. Инæлар Кобылаш йæ бон цыдæриддæр уыдис, уый бакодта, цæмæй хæдтæхæг адæмыл ма `рхауа. Хæсты цы хъæбатырдзинад равдыста, уый фæдыл ын саккаг кодтой Уæрæсейы хъайтары ном. Фæбæрæг ма кæндзыстæм уый æмæ киноныв рамбылдта жюрийы сæрмагонд хæрзиуæг «Ног хъайтары сурæт раргом кæныныл» номинацийы, Севастополы документалон кинонывты дунеон фестивалы «Иумæ фæтых стæм», зæгъгæ, уым. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Инæлары сызгъæрин стъалы
Категория:
Новости и СМИ