Къæсхуыртæ, аив, фæлæ тыхджын

2 тыс. подписчиков

12+
12+

13 просмотров

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

13 просмотров

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

13 просмотров

9 лет назад

Цæгатирыстойнаг каратисткæтæ радон хатт равдыстой ног уæлахизтæ. Уымæн æвдисæн - Кочиты Аланæ. Æппæтуæрæсеон ерысты Санкт Петербурджы рамбыылдта сызгъæрин майдан. Æрыгон спортсменкæ хæцыд æхсай иу килограммы онг уæзы. Цыппар хæсты фæуæлахиз се `ппæты дæр. Ныр йæхи цæттæ кæны Европæйаг ерыстæм. Нудæсаздзыд Аланæйы ныхæстæм гæсгæ спорты ацы хуызы секцимæ æнæнхъæлæджы æрбахаудта. Æхсæз азы размæ кæмдæр йæ цæст æрхæцыд рекламæйыл, æрбацыд секцимæ æмæ дзы баззад. Ууыл иунæг хатт дæр нæ фæфæсмон кодта. Йæ тренер куыд зæгъы, афтæмæй æрыгон чызг спорты ацы хуызмæ кæд æрæджиау æрбацыд, уæд ныр бирæтæй хуыздæр у. Тынг æнæзивæг у, тренировкæты йæхиуыл нæ ауæрды. Цыбыр рæстæгмæ рамбылдта бирæ ерыстæ. Исты турниры хæцы, зæгъгæ, уæд дзы, æнæмæнг, майдан рамбулы. "Цæмæдæр гæсгæ ахæм хъуыды ныффидар, ацы спорты хуыз нæлгоймæгтæн у, зæгъгæ. Фæлæ куыд уынæм, афтæмæй чызджытæ дæр æвдисынц стыр сгуыхтдзинæдтæ. Æз дæр мæ размæ æвæрын бæлвырд хæстæ æмæ сæм цæуын. Ныр мæ фæнды Европæйы чемпионат рамбулын", - зæгъы Аланæ. ¤ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Къæсхуыртæ, аив, фæлæ тыхджын

Категория:

Новости и СМИ