Быцæуагæй дзы ницы ис
22-æм февралы Дзæуджыхъæуы рахастой уынаффæ горæты минæвæртты æмбырдмæ депутатты номхыгъдмæ кандидаттыл рагацау хъæлæс кæныны фæткыл. Уый тыххæй информаци уыдис Интернеты, базонын æй кодтой дзыллон информацион фæрæзты руаджы дæр. Закъоны бындурæн ахæм бар кæмæн уыдис, уыдонæн сæ бон уыдис курдиат бадæттын рагацау хъæлæс кæныны архайыны тыххæй. Ахæм курдиæттæ организацион комитет иста 22-æм февралæй 30-æм апрельмæ. Курдиæттæ æдæппæтæй баисты 99. Фылдæр адæмы дзы кæй фæндыд архайын, фæлæ алы аххосæгтæм гæсгæ йæ бон афоныл кæмæн не ссис, уыдоны тыххæй «Иугонд Уæрæсе»-йы федералон президиум фæдæргъвæтиндæр кодта курдиæттæ исыны æмгъуыд. Фæлæ арæх куыд рауайы, афтæ бирæтæ сæ хъæппæрис фæстаг бонтæм аргъæвтой. Курдиæттæ исыны æмгъуыды кæрон æрцыд фæлладуадзæн бонтæм, уыцы рæстæг та организацион комитеты куыст æндæр фæткыл фæцæуы. Се `ппæт дзы не спайда кодтой æмæ уый тыххæй кæрæдзийы æххæстæй нæ бамбæрстой. Цæмæй дзы мацыуал ныхасаг уа, уыйтыххæй абон организацион комитетыл нæ фæндаг ракодтам. Цы нын радзырдтой, уымæ байхъусут. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Быцæуагæй дзы ницы ис
Категория:
Новости и СМИ