Мæздæджы районы Терская станицæйы культурæйы хæдзар хъæуы бындуронæй сцалцæг кæнын

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

5 лет назад

Къултæ згъæлынц, пъолтæ 'мбийынц, царæй дон тæдзы. Ахæм уавæры ис Мæздæджы районы Терская станицæйы культурæйы артдзæст ныр бирæ азты дæргъы. Арæзтад хъæуы бындуронæй сцалцæг кæнын. Кæд дзы æмбæлгæ уавæртæ нæй, уæддæр сæ куыст иу минутмæ дæр не`нцайы. Сывæллæтты дарддæр дæр æмхиц кæнынц аивадимæ. Ис дзы алыхуызон чынгуытæй хъæздыг библиотекæ дæр. Цæрджытæ æнхъæлмæ кæсынц цалцæггæнæн куыстытæм. Ацы культурæйы хæдзар у советон дуджы ирд æвдисæн. Бæрзонд цартæ, хуызджын къултæ, йе`ддаг фæлгонц нывæст у алыхуызон егъау цæджындзтæй, актон зал 300 бынатимæ. Фæлæ рæстæг куыд цæуы, афтæ мынӕгдӕр кӕнынц, кæддæр цæст цы бæркадджын нывтæ рæвдыдтой, уыдон. Йæ раздæры скондæй ныр ницыуал баззад. Пырх кæнынц къултæ, æмбийынц пъолтæ. Уæлдай ӕвзӕр уавӕры ис культурæйы хæдзары цар, уый бынтон тасы æфтауы. Арæзтады сæр рагæй æрцыд заууатмæ. Къæвдаты рæстæг уынджы дӕр ӕмӕ мидæгæй дӕр иухуызон фӕуары. Мит дæр уӕдӕ афтӕ. Уавæры фæстиуæг - къулты сæрстытӕ зъæлынц. Дзырдæн зæгъæм, ацы уаты та сывæллæттæ хъуамæ сæ уæлæдарæс ивой. Фæлæ куыд? Къултæ згъæлынц, уæдæ дзы рухс та ныр 10 азы дæргъы нæй. Культурæйы хæдзары дон дæр нæй. Пъолтæ расӕрфынӕн дæр ацы артдзæсты кусджытæ дон семæ æрбаласынц. Хъармгæнæн уат? Уый тыххæй ам хъусгæ дæр никуы фæкодтой. Сыхаг скъолайы фæрцы сæм хъарм цæуы. Арæзтады уымæладæй тас у, культурæйы хæдзары цы чингуыты хæзнадон ис, уымæн дæр. Æмткæй райсгæйæ, чингуыты фонды ис 13 мин экземплярæй фылдæр. Æмæ кæд сæ куысты къуылымпытæ ӕййафынц, уæддæр дзы цард иу уысммæ дæр не`нцайы. Культрæйы хæдзары дæр куыст цæуы. Сывæллæттæ дзы кафынц, быйынц, хуыйынц, музыкæимæ сты æмхиц. Терская станицӕйы цæры 3000 адæймагæй фылдæр. Уыдонæй алчидæр зæрдæ дары, цалцæггæнæн куыстытæ дзы раздæр кæй райдайдзысты. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv