Æвзæрстытæм цæттæ!
326 кæндидаты курдиаттæ балæврдтой бынæтон хиуынаффæйады оргæнтæм æвзæрстæм. Уый тыххæй фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны Центрон æвзарæн къамисы сæрдар Моргуаты Жаннæ сæрмагонд æмбырды. Уыдонæй 36 сты хъæуы администрациты сæргълæуджыты бынаттæм. 290 та хъæуты депутатты сконды уæнгтæм. Æвзæрстыты архайдзысты 8 политикон партитæй кандидаттæ. 34 адæймаджы та сæ кадидатурæ балæвæрдтой сæхæдæг. Ныртæккæ иууылдæр регистрацигонд æрцыдысты. Æвзæрстыты рæстæг республикæйы 338 æвзарæн хайадæй кусдзысты 40. 32 дзы сифтонг кæндзысты æвзарæн бюллетентæ бæлвырдгæнæн гæрзтæй. 4 территориалон æвзарæн хайады сæвæрдзысты камерæтæ. Фæлæ, уыцы бон, адæмæн кæм сæ фæнды уым схъæлæс кæнын фадат нæ уыдзæн. Æрмæстдæр сæ цæрæнбынæттæм гæсгæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, 9 сентябры, хъæлæс кæныны иумæйаг боны, Æрæфы, Кировы, Алагиры æмæ Горæтгæрон районты æвзардзысты хъæуы хицæутты æмæ бынæттон æмбырдты депутатты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Æвзæрстытæм цæттæ!
Категория:
Новости и СМИ