Балер кæсаг - фынджы фидауц

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

4 просмотра

9 лет назад

Уæвгæ, адæймаг йæ куыст куы уарза, уæд ын бирæ æнтысы. Абон цы кæсаджы хæдзарадимæ базонгæ уыдзыстут, уый тыххæй фыццаг хатт нæ фехъусдзыстут. Балер кæсаг чи уарзы, уый Хъахъхъæдуры хæдзарадмæ иу æмæ дыууæ хатт нæ ныууад, æвæццæгæн. Суанг ма Уæрæсейæ дæр суайынц ацы хæрзад кæсаг балхæнынмæ. Йæ хæрзхъæддзинад æй кадджын кæны иннæ кæсæгты 'хсæн. Уæдæ та нæ уацхæссæг Пелиты Сабинæ дæр базыдта, куыд равзæры францусаг кæсаг ирон зæххыл æмæ куыд рæзы нæ республикæйы ацы къабаз. Балер кæсаг кæй хонынц, зæгъгæ, уый бирæты зæрдæмæ цæуы. Иутæ йæ хæрынмæ æлхæнынц, иннæтæ та сæ хæдзарон гыццыл цадæн аивдзинады тыххæй. Кæсаджы ацы хуызæн адæм аргъ кæнынц. Хъахъхъæдуры кæсаджы хæдзарад "Сельхозпродукт" кусы 2007-æм азæй фæстæмæ æмæ сын абонмæ бирæ цыдæртæ бантыст. Фæллойуарзаг къорд сæ дæсныйад уарзынц. «Абоны бонмæ, мæнмæ гæсгæ, нæ сæйрагдæр æнтыстдзинад уый у, æмæ нæ бон сси нæ фæцудын. Бирæ хæдзарæдтæ æхгæд æрцæуынц. Цы хъалонтæ фидæм, уыдоныл никуы байрæджы кæнæм. Сæрыстыр та уымæй стæм, æмæ нæ Ирыстонæн йæ бон алкæддæр у экологон æгъдауæй сыгъдæг кæсаг бахæрын». Адæм сæ куыстæй разы сты. Архайынц французаг балер кæсаджы нымæц фæфылдæр кæныныл. Еугæфæй къуыртт схъомыл кæныныл дæр сæхæдæг архайынц. Æмæ сын уый хорз уайы. Базаргæнджытæ сæхæдæг цæуынц ацы кæсаг æлхæнынмæ. Нæхи фæлхасгæнджытæй фæстæмæ ма ацы диссаджы кæсаг балхæнынмæ ссæуынц Кæсæг-Балхъарæй, Краснодарæй, Стъараполæй æмæ Мæскуыйы облæстæй. Виктория ацы куыстæй райгонд у. Фæнды йæ рапарахат кæнын. Цæгат Ирыстоны ис æппæт уавæртæ ацы куыст размæ ракæнынæн, зæгъы сылгоймаг. Кусын кæй нæ фæнды, уый сæдæ `фсоны дæр ссардзæн, уæддæр йæ къух доны н` атулдзæн. Викторияйы ма фæнды, цæмæй сæм паддзахад бæстондæр æркæса. Кусынмæ кæддæриддæр цæттæ сты. Пелиты Сабинæ, Игорь Войцеховский, Ирыстоны Хабæрттæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Балер кæсаг - фынджы фидауц

Категория:

Новости и СМИ