Пъæлицæйæгтæ баурæдтой, наркотиктæй æвæрæнтæ чи кодта, ахæм дыууæ фæсарæйнаджы
Дзæуджыхъæуы барадхъахъхъæнджытæ æрхæцыдысты, наркотиктæй æвæрæнтæ чи кодта, уыцы дыууæ адæймаджы рохтыл. Æмæ раст цыма нæхиуæттæ фаг не сты, уыйау ма нæм алырдыгæй дæр цæуынц. Ацы дыууæ дæр Ирыстоны цæрджытæ не сты. Фæлæ сæ фыдбылыз хæссæг митæн цæмæдæр гæсгæ нæ республикæ равзæрстой. Æнхъæл уыдысты æмæ сæ ничи бафиппайдзæн. Куыннæ, стæй! Куыд сæ баурæдтой, уый тыххæй нæ дарддæр æрмæг. Сыхаг регионæй нæм рог балцы цæуæгау чи `рбафтыд, уыдонмæ ссардтой метадоны 140 иууон бæрцы. Раздæр уал барадхъахъхъæнджытæм фæхабарчындæуыд, Дзæуджыхъæумæ сæ ных кæй сарæзтой æмæ сæм æвæрæнтæ кæнынвæнд хъуыдытæ кæй ис, уый тыххæй. Пъæлицæйæгтæ сæ фæдыл бафтыдысты æмæ куыд рабæрæг, афтæмæй фыдгæнджытæ сæ хъуыдытæ сæххæст хъуамæ кодтаиккой Цоколайы-фырты номыл уынджы. Куыд бавнæлдтой, афтæ сæ рацахстой. Уæдæ сæ æнæбасгаргæ дæр куыд хъуамæ ныууагътаиккой. Разынд сæм наркотикты цалдæр тыхтоны. Сæ бынæттон хъузæттимæ сæ хъуамæ алы рæтты бафснайдтаиккой. Цыдæртæ сын бакæнын дæр бантыст. Барадхъахъхъæнджытæ уыцы рæстæгмæ ссардтой, фыдгæнджытæ кæй бамбæхстой, ахæм цалдæр сусæг раны. Цы фатер баххуырстой, уый дæр ма басгæрстой. Æмæ та уымæй дæр фыдæнхъæл нæ фесты - разынд дзы метадоны 34 граммы. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый дæр рыджы бын дарынæн нæ уыдис, мыййаг. Æмткæй райсгæйæ, наркотикты уæз хæццæ кодта 50 граммæ. Ныртæккæ уал фыдгæнджытæ сты рæстæгмæ дарыны изоляторы. Сæ аххосыл æххæстæй дæр басастысты. Сæ ныхмæ сын байгом кодтой уголовон хъуыддаг 228 статьяйы 1-æм дæлхайы 3-æм хаймæ гæсгæ. Амынд дзы куыд ис, афтæмæй дзы азымджынты бафхæрæн ис, ахæстоны сæ 15 азы `мгъуыдмæ бакæныны хуызы. Уголовон хъуыддаг дарддæр дæр æвзарынц. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Пъæлицæйæгтæ баурæдтой, наркотиктæй æвæрæнтæ чи кодта, ахæм дыууæ фæсарæйнаджы
Категория:
Новости и СМИ