Нырыккон Уарæсейы хъайтар
Уæрæсейы Федерацийы хъайтар Хъуылаты Валерий фембæлд нæ республикæйы фæсивæдимæ. 1996 азы хæстон цауты архайгæйæ, Уæрæсейы æфсады хæйттæй иуы цур бабадтысты фыдгæнджытæ. Хъуылаты Валерийы разамындæй сгарджыты хайад æндæр фæндагыл ацыд. Афтæмæй æфсæддонты бахъахъхъæдтой. Фембæлды ма суазæг кодтой Кæсæг- Балхъары делегаци. Фæндыд сæ Цæгат Ирыстоны хъæбатырты тыххæй фылдæр базонын, сæ адæммæ цы хъайтартæ уыд, уыдоны тыххæй дæр радзурын. Республикæйы минæвæрттæй 76 Советон Цæдисы хъæбатыры. Фæлæ сæ хъыгагæн бирæтæ нæ зонынц. Уæрæсейы паддзахадон Думæйы депутат Таймазты Артуры ныхæстæм гæсгæ, ахæм фембæлдтæ ма уыдзæн. Куыд загъта, афтæмæй хæстæгдæр рæстæг Цæгат Ирыстоны делегаци абалц кæндзæн Кæсæг- Балхъармæ. Байгом ма кæндзысты ног ресурсон центр.Уым бапрхионтæ араздзысты алывæрсыг мадзæлттæ. Абон цы мадзал уыд, уый ацыд "Уæлахизы бархионты" æххуысæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Нырыккон Уарæсейы хъайтар
Категория:
Новости и СМИ